Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хъасполаты комментарий ÆИА «Южная Осетия»-йæн

Фæстаг рæстæджы дунейы сарæхгонд террористон атакæтæ æвдисынц, æхсæнадæмон терроризмæй кæй ничи у хъахъхъæд, уый. Терроризмæн арæнтæ нæй æмæ æппæт дунейæн дӕр у тæссаг. Сусæггаг нæу, арæх спецслужбæтæ сæхæдæг кæй вæййынц террористон актты организацийы хайджын, уый. 2005-2008 азты РХИ-ы территорийыл Гуырдзыстоны спецслужбæтæ сарæзтой 22 теракты, уыдон фæстиуæгæн 16 адæймаджы фæмард, 34 æмбæстаджы цæфтæ фесты æмæ дзы иутæ та систы инвалидтæ. Уыцы азты Гуырдзыстонæн растдæр терроризм сси конфликт æрбæстон кæнынӕн æмæ бадзырдтӕн иунæг альтернативæ. Дунеон ӕмӕхсӕнад уыцы теракттӕм йӕ ӕвӕрццаг ахаст нӕ равдыста. Уый у «дывӕр стандартты» политикӕйыл дзурӕг. Нӕй гӕнӕн иу регионы террористты фарс хӕцай, иннӕйы та сӕ ныхмӕ, нӕй сын хорзтыл ӕмӕ ӕвзӕртыл дих кӕнӕн. Бӕрӕг хӕттыты террористон организацитӕн иуӕй-иу скӕсӕйнаг бӕстӕтӕ комкоммӕ ӕхцайӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый зӕгъын дӕр нӕ бон у. Ис зӕгъӕн, ӕмӕ Скӕсӕн нал контрол кӕны абон ситуаци. Политикон лидертӕ хъуамӕ аиуварс кӕной сӕ ныртӕккӕйы конъюнктурон интерестӕ, ситуацийӕн адекватон аргъ скӕной ӕмӕ ахӕм ног приоритеттӕ сӕвӕрой, кӕцыты фӕрцы ӕцӕг эффективон тохгӕнӕн уыдзӕн терроризмы ныхмӕ иумӕйагӕй.

Цхинвал, 2016 азы 24 март

 

24.03.2016