«УФ Президент Владимир Путин абон сфидар кодта Уæрæсейы Федерацийы æддагон политикæйы Концепци. Нырыккон зын уавæр хынцгæйæ йæм бахастæуыд ивындзинæдтæ æмæ бæрæг кæны Уæрæсейы æхсæнадæмон архайды сæйрагдæр здæхтытæ, хæстæ æмæ нысæнттæ.
Хуссар Ирыстоны райгонд сты документы Уæрæсейы Федерацийы ахастытæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазмæ куыдæй æвдыст цæуынц, уымæй. Уæрæсе ахъаз кæй у нæ республикæйы æхсæнадæмон æмæ социалон-экономикон размæдзыдæн, æдасдзинад æмæ интеграцион процесстæ фидардæр кæнынæн, уый, æнæдызæрдыгæй, у уæвæг дывæрсон бадзырдон-барадон базæйы ахсджиаг иуæг».
Тæргæйтты мæйы 31-æм бон Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин бафыста «Уæрæсейы Федерацийы æддагон политикæйы Концепци сфидар кæныны тыххæй» Барамынд.
Сæрмагондæй, Концепцийы дзырдæуы Республикæ Абхазы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæтварсон æххуысы æмæ ацы паддзахадты адæм кæй равзæрстой, цæмæй Уæрæсеимæ интеграци фæарфдæр уа, уымæн ахъаз кæныны тыххæй.
Цхинвал, 2023 азы тæргæйтты мæйы 31-æм бон