Кæфты мæйы 24-æм бон Мæскуыйы адæмон дипломатийыл 100 азы сæххæсты цытæн Æвзонг дипломатты VIII глобалон форумы фæлгæтты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ÆДС-йы делегацийы æртæфарсон фембæлд Советы Сæргълæууæг А.Г. Патараяйы къухдариуæгадæй Республикæ Абхазы ФХъМ-йы ÆДС-йы делегаци æмæ Советы Сæргълæууæг Е.М. Акопяны сæргълæудæй Уæрæсейы Федерацийы ФХъМ-йы ÆДС-йы минæвæрттимæ.
Сообщения МИД РЮО
Кæфты мæйы 24-æм бон Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы йæ куыст райдыдта Æвзонг дипломатты VIII глобалон форум, кæцы цæуы адæмон дипломатийыл 100 азы сæххæсты цытæн.
Форум бакæныны цытджын церемонийы хайад исынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы Сæрдар Санахъоты А.Г. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы Секретарь Цхуырбаты А.А. Æдæппæтæй форумы хайад исынц 130 дипломаты дунейы 60 бæстæйæ.
Кæфты мæйы 20-æм бон Цхинвалы ацыд Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты кусæгон фембæлд ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йы Æмсæрдæрттимæ.
Хайадисджытæ равдыстой сæ цæттæдзинад ацы форматы куыст дарддæр кæнынмæ æмæ банысан кодтой Дискусситы ахсджиагдзинад регионалон стабилондзинад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæнынæн.
Нысангонд æрцыд Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы куысты ахсджиагдзинад, афтæмæй ма ныхас цыд уыцы форматы «тæвд хахх»-ы куысты фæстиуæгджын архайдыл.
Кæфты мæйы 19-æм бон хуссарирыстойнаг дипломаттæ хайад райстой Мæскуыйы Мады Майрæмы Кафедралон Аргъуаны мадзалы, кæцы ацыд венесуэлаг дохтыр Хосе Грегорио Эрнандес æмæ мад Кармен Рендилес Ромаг Католикон Аргъуаны ‘рдыгæй канонизацигонд кæй æрцыдысты, уый номыл.
Уазджыты ‘хсæн – Уæрæсейы хицауад æмæ УФ-йы ФХъМ-йы, Мæскуыйы аккредитацигонд дипломатон корпусы минæвæрттæ. Хуынд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар дæр.
2025 азы кæфты мæйы 13-17 бонты Мæскуыйы ацыд Иумæйаг хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг демаркацион къамисы (дæлдæр – Иумæйаг къамис) Иуæндæсæм рабадт.
Æрдзырдæуыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн паддзахадон арæнæн æхсæнадæмон-барадон хуыз раттыны фæдыл.
Фембæлд ацыд сабыр æмæ хæларадон уавæры.
Иумæйаг къамисы радон рабадты бон æмæ бынат нысангонд æрцæудзысты дипломатон каналты уылтыл.
Кæфты мæйы 10-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд паддзахадон æмæ уагдонон хорзæхтæ раттыны церемони.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар схорзæх кодта паддзахадон æмæ уагдонон хæрзиуджытæй дипломатон службæйы кусджыты, кæцытæ уæзгæ хайбавæрд бахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтæй 35 азы рацыды цытæн мадзæлтты рæстæджы.
Афтæмæй ма Министрады кæцыдæр кусджытæн лæвæрд æрцыдысты дипломатон рангтæ.
Кæфты мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты Сæрдар Саид Ассадуллайы.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Хуссар Ирыстоны уæвæг СДÆК-ы Минæварады гуманитарон проекттимæ баст практикон фарстатыл. Афтæмæй ма хъуыдытæ загъдæуыд æндæр актуалон гуманитарон фарстатыл.
Рухæны мæйы 22-æм бонæй кæфты мæйы 3-æм бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ Уæрæсейы ФХъМ-йы Дипломатон академийы Мæскуыйы рацыдысты квалификаци фæуæлдæр кæныны фæдыл курсытæ, кæцыты темæ уыд «Æхсæнадæмон ахастытæ. Уæрæсейы æддагон политикæ».
Курсытæ уагътой Академийы лектортæ æмæ æрхонгæ эксперттæ. Уымæй дарддæр ма курсыты фæлгæтты ацыд Уæрæсейы Федерацийы ФХъМ-йы минæвæрттимæ фембæлд, кæцыйыл æрдзырдæуыд дывæрсон ахастыты актуалон фарстатыл.
Программæйы фæуды Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн лæвæрд æрцыдысты Сертификаттæ.
Кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицы æртæфарсон фембæлд.
Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд актуалон фарстатыл. Уæлдай хъусдард аздæхтæуыд регионалон æдасдзинады проблемæтæ, Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы фæлгæтты иумæйаг архайды координацимæ.
2025 азы кæфты мæйы 1-æм бон
Кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы ацæугæ фембæлды фæстиуæгæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров бафыстой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады 'хсæн 2026-2017 азтæм Консультациты пълан.
Кæфты мæйы 1-æм бон Сочийы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд.
Ныхас ацыд конструктивон æмæ хæларадон уавæры, æддагполитикон уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æрдзырдтой дывæрсон æмгуыстады фарстатыл, регионалон æмæ æхсæнадæмон хъуыддæгты æмгуыстады сæйрагдæр здæхтытыл, се ‘хсæн Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хайадист.
Рухæны мæйы 20-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президенты Уынаффæгæнæг Павел Прокудины, кæцы æрцыд Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстон расидынæй 35 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ.
Фембæлды ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон минæварады Сæрдар Плиты Алан.
Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта Павел Прокудинæн йе ‘рцыды фæдыл æмæ бахахх кодта дыууæ бæстæйы ‘хсæн бирæазон хæларад æмæ партнерады æнгом ахастытæ.