Сусæны мæйы 28-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æвзонг дипломатты советы Сæрдары Хæдивæг Цхуырбаты А.А. онлайн-форматы хайад райста æхсæнадæмон тымбыл фынг «Миротворческая миссия на Днестре: 34 года мира и стабильности»-йы куысты, кæцы ацыд Тарас Шевченкойы номыл Приднестровьейы паддзахадон университеты.
Мадзал ацыд ППУ-йы Фидауынгæнынад ахуыр кæныны центры хъæппæрисæй, хайад дзы райстой ППУ-йы лектортæ æмæ студенттæ, Фидауынгæнынад ахуыр кæныны центры специалисттæ, Иугонд контролон миссийы минæвæрттæ, афтæмæй ма ПМР-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæ.
Уæрæсейы Минæвар Молдовайы Олег Озеров раарфæ кодта мадзалы хайадисджытæн æмæ банысан кодта, уæвæг фидауынгæнæн мисси кæй у фæстиуæгджын, æмæ Уæрæсе дарддæр дæр кæй араздзæн æппæт дæр, цæмæй Днестры былгæрæтты æдасдзинад хъахъхъæд цæуа.
Тымбыл фынджы рæстæджы æрдзырдæуыд Днестры фидауынгæнæн операцийы сырæзты ратæдзæнтыл æмæ йæ хайбавæрд бæстæйы сабырад, æдасдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. Афтæмæй ма ныхас цыд фидауынгæнæн механизмты размæдзыды актуалон фарстатыл.
2026 азы сусæны мæйы 29-æм бон