Майрæмты мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономикон размæдзыды министры Хæдивæг Тъехты Альберты фембæлд Къаролад Таиланды минæвæрттимæ, кæцытæ сты Хуссар Ирыстоны кусæгон балцимæ.
Фембæлды рæстæджы Джиоты Æхсар радзырдта Хуссар Ирыстон æмæ ирон адæмы истори æмæ культурæйы тыххæй. Экономикон размæдзыды министры Хæдивæг Тъехты Альберт банысан кодта Хуссар Ирыстонæн туризмы размæдзыды æмæ ацы фадыджы ахастытæ уæрæх кæныны ахсджиагдзинады фæдыл.
Фембæлды ма хайад райстой Министры Уынаффæгæнæг Тадтаты Сергей æмæ РХИ-йы ФХъМ-йы Фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты хайады Сæрдар Санахъоты Алексей.
2026 азы майрæмты мæйы 4-æм бон