Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы А. Кацияйы фембæлды фæдыл змæлд «Æрыгон Абхаз»-ы минæвæрттимæ

Майрæмты мæйы 8-æм бон Сухумы æхсæнадæмон форум «Æрыгон Абхаз»-ы фæлгæтты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Абхазы Астамур Кацияйы фембæлд змæлд «Æрыгон Абхаз»-ы минæвæрттимæ.

2008 азы майрæмты мæйы цаутæ сæ зæрдыл кæй дарынц, уый фæдыл А. Кация бузныджы ныхæстæ загъта змæлды минæвæрттæн, афтæмæй ма бахахх кодта, ацы бонты 18 азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм кæй бахъахъхъæдтой сæ сæрибар æмæ хæдбардзинад.

Делегаци «Æвзонг Абхаз»-ы сæрдар Саид Куланба дæр банысан кодта, Абхазы æдзухдæр сæ зæрдыл кæй лæууынц 2008 азы цаутæ, афтæмæй ма бахахх кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн кæй ис иумæйаг истори.

Дыууæ фарс дæр банысан кодтой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы фæсивæдон организациты ‘хсæн дарддæры æмархайды ахсджиагдзинад.

Форум «Æрыгон Абхаз» цæуы Сухумы 2026 азы майрæмты мæйы 7-8 бонты. Хайад дзы исы Хуссар Ирыстонæй делегаци дæр.

2026 азы майрæмты мæйы 8-æм бон

08.08.2026