Сусæны мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим хайад райстой Мæскуыйы уæвæг Республикæ Никарагуайы Минæварады Сандинистон революцийы Фæуæлахизæй 47 азы рацыды фæдыл цытджын мадзалы.
Мадзалы уазджытæ систы Уæрæсейы ФХъМ-йы, Уæрæсейы хицауады, æхсæнадæмон организациты минæвæрттæ, депутаттæ, УФ-йы аккредитацигонд дипломатон корпус.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Мараты номæй Джиоты Æхсар Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияйы уылтыл загъта арфæйы ныхæстæ Никарагуайы Президент команданте Даниэль Ортега æмæ Республикæ Никарагуайы Сопрезидент Росарио Мурильойæн.
Уыцы бон ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлд Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесимæ. Дыууæ фарс дæр сæ хъуыдытæ загътой Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы уавæры фæдыл æмæ равдыстой сæ цæттæдзинад хуссарирыстойнаг-венесуэлаг ахастыты дарддæр кæнынмæ.
Ныхасы рæстæджы Джиоты Æ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Хæстæ æххæстгæнæг Хъамболты Мараты номæй загъта мæсæллæйы ныхæстæ Венесуэлæйы хурхæтæны мæйы 24-æм бон æрцæугæ зæххæнкъуысты фæстиуджыты фæдыл.
Фембæлды хайад иста РХИ-йы Минæварады Уынаффæгæнæг УФ-йы Уанеты А.
2026 азы сусæны мæйы 17-æм бон