Майрæмты мæйы Болонийы ацыдысты æфсæнвæндагон вокзалы терактæй 46 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ. 1980 азы станцæйы срæмыгъды фæстиуæгæн фæхъуыдысты 85 адæймаджы, 200 фылдæр райстой цæфтæ; Италийы нырыккон историйы уый ссис стырдæр теракт. 1980 азы майрæмты мæйы 2-æм бон фæмардуæвджыты рухс номыл Италийы расидтæуыд Массон фыдракæндты амæттæгты мысæн бон.
Куыд раздæры азты, афтæ ныр дæр фыдохы мадзалы хайад истой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Италийы Мауро Мурджа æмæ Ирыстоны æндæр минæвæрттæ. Афтæмæй ма фыццаг хатт лæвæрд æрцыд Сабырады æхсæнадæмон преми «Беслæн – сабырады горæт». Йæ фыццаг лауреат ссис 1920 азы майрæмты мæйы 2-æм бон теракты амæттæгты хиуæтты Ассоциаци.
Беслæн æмæ Болонийы иу кæнынц бирæазон ахастытæ: 2004 азы Беслæны фыццæгæм скъолайы теракты фæстæ италиаг специалисттæ æмæ бинонтæ уайтагъд æрбалæууыдысты амæттæгты бинонты 'вварс, æмæ мысæн мадзæлтты иумæйаг хайадист та ссис æдзухон.
Сабырады æхсæнадæмон преми «Беслæн – сабырады горæт» арæзт æрцыд 2026 азы РХИ-йы ФХъМ-йы минæвар Италийы Мауро Мурджайы хъæппæрисæй. Преми лæвæрд цæуы сабырад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ уæзгæ хайбавæрд бахæссын, сывæллæттæн æмæ хъуаг чи æййафы, уыдонæн æххуысы фæдыл.
2026 азы майрæмты мæйы 3-æм бон