Хуымгæнæны мæйы 25-æм бон Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесимæ.
Дыууæ фарс дæр æрдзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы ‘хсæн ахастыты райрæзтыл æмæ бадзырдтой иумæйаг фарстыты фæдыл дарддæры æмгуысткæнынадыл.