Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари Гуырдзыстоны хицауады сæрдар И. Гарибашвилийы раныхасы фæдыл

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Нью-Йорчы цæуæг ИНО-йы Генералон Ассамблейы 78-æм сессийы фæлгæтты гуырдзиаг хицауады сæрдар Ираклий Гарибашвилийы раныхасмæ. «Абхазаг æмæ ирон хотæ æмæ ‘фсымæртæм» сидгæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, «нæ иудзинады ныхмæлæууæг- нæ иумæйаг знаг», афтæмæй ма радон хатт бавнæлдта «Гуырдзыстоны оккупацийы» темæмæ.

Хъыгагæн, нысан кæнæм уый, æмæ гуырдзиаг хицауадæн никуыд æнтысы сæ «фантомон рыстытæй» фервæзын æмæ кæдæй-уæдæй сразы уын 2008 азы майрæмты мæйы фæстæ регионы сæвзæргæ геополитикон реалитыл. Ирон адæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бавзæрстой Гуырдзыстоны «сабырадон» ахаст æмæ тынг хорз æмбарынц ацы ныхæсты æцæг аргъ æмæ нысаниуæг.

Ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм, Хуссар Ирыстон кæй у здæхт Уæрæсейы Федерациимæ хæларадон ахастытæ фидар кæнынмæ, кæцы у сабырад æмæ æдасдзинады гарант.

Цхинвал, 2023 азы рухæны мæйы 24-æм бон

24.09.2023