Республикæйы Боны цытæн Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм фидарæй хъахъхъæнынц Райгуырæн бæстæйы хæдбардзинад æмæ уый фæдыл ацы бæрæгбоны сæмбырд сты сæ хъæддыхдзинад æмæ лæгдзинад. Республикæйы Бон æнгом кæны йæ бæстæйы историйæн чи кад кæны, Фыдыбæстæйы райрæзтмæ, фидæны фæлтæрты фæрныгадмæ уæзгæ хайбавæрд чи хаста æмæ хæссы, æппæт уыдоны.
Приднестровьейы æмæ Хуссар Ирыстоны адæм фидар æфсымæрон тæгтæй сты баст, се ‘хсæн сырæзт фидар бындур дывæрсон ахастытæн. Абоны зын æхсæнадæмон уавæры æхсæнпаддзахадон хæларадон ахастытæн фæзынд уæлдай ахадындзинад. Уавæрæй пайда гæнгæйæ ныфс дарын, нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты æмæ размæ цæудзысты».