Рухæны мæйы 19-æм бон - Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырысайы бон

Флаг Южной Осетии

Рухæны мæйы 19-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Паддзахадон тырысайы бон.

Герб æмæ Кады зарæгимæ иумæ, тырыса у паддзахады ахсджиагдæр символтæй иу.

Суверенитет æмæ арф культурон хъуыды цы хæдбар бæстæ хæссы, уымæн ахсджиаг хай у паддзахадон символикæ. Паддзахадон символты сæмбырд сты ивгъуыды цаутæ æмæ фидæны ныфс, уыдон æппæтварсонæй адæмы æнгомдæр кæнынц.

Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзт фидар тæгтæй баст у ирон тырысаимæ. Уый у национ иудзинады символ. Фæзынд 1989 азы æмæ уæдæй фæстæмæ разæнгард кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты уæлахиздзинадмæ, æнгом кодта ирон адæмы сæ бартыл тохы, интеллигенцийы, фæллойгæнджыты æмæ спортсменты ног æнтыстыты ныфс уагъта.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса конд у æртæ хуызæй- урс, сырх æмæ бурæй. Уыцы хуызтæ зындгонд сты суанг аланты дугæй. Урс хуыз нысан кæны монон сыгъдæгдзинад; сырх-хъæбатырдзинад, тых; бур-фарн. Ацы тырысайы хуызты æппæтæй дæр фенæн ис ирон адæмы миддуне, фарн æмæ истори.

Цхинвал, 2023 азы рухæны мæйы 19-æм бон

19.09.2023