Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады бонæй 15 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Ирон адæмы азфыссынады историйы 2009 азы рухæны мæйы 10-æм бон æнустæм баззайдзæн ахсджиагдæр историон цауты нымæцы. Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад ссис иудзинад, æххуыс æмæ рæстдзинады нысан.
Ацы уæзгæ къахдзæф уæлдай хатт фенын кодта, Венесуэлæ кæй у рæстдзинад, сабырад, хæларадон æмæ дипломатон ахастытæ размæ кæныны ‘вварс».