Хуссар Ирыстоны республикæ расидыны бонæй 33 азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты пресс-релиз

МИД Южной Осетии

Абон хуссарирыстойнаг адæм нысан кæнынц ахсджиаг бæрæгбон- Республикæ Хуссар Ирыстоны бон.

1990 азы рухæны мæйы 20-æм бон Хуссар-Ирыстойнаг автономон облæсты адæмон депутаттæ расидтысты Советон Цæдисы сконды Хуссар- Ирыстойнаг Советон Демократон Республикæ. Республикæйы расидт æппæтварсонæй дзуапп дæтта æхсæнадæмон-барадон нормæтæн æмæ Советон Цæдисы уæды рæстæджы архайæг закъæттæн. Ист æрцыд национ суверенитеты фæдыл деклараци æмæ бындуриуæг кодта нацийы хæдуагæвæрды бартыл- историон рæстдзинад сног кæнын, наци бахъахъхъæнын скуынæг кæнынæй.

Ацы уæзгæ цау уыд сепаратистон тенденциты афон, кæцытæ уæлдай тынг архайдтой Гуырдзиаг ССР æмæ Прибалтикæйы республикæты. Республикæйы расидт ацыд Хуссар Ирыстоныл советон Гуырдзыстоны радикалты ‘рдыгæй фидар политикон æмæ тыхон æндæвдады уавæрты, кæцыйы 80-æм азты фæудæй райдыдта зынын национ-фашизмы идеологи. Ирыстонмæ æнхъæлмæ кастысты уæззау тохы азтæ, æрхъула, бирæ хъизæмæрттæ æмæ фыдрæстæг.

Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады рæзты фæндаг кæд зын уыд, бирæ зиæнттимæ, бахъуыд дзы æгæрон хъæбатырдзинад, уæддæр хуссарирыстойнаг адæмæн бантыст, сæ хъысмæт сæхи къухтæй скъуыддзаг гæнгæйæ, сæрибар бæстæйы сæрибар адæм суæвын.

2008 азы майрæмты мæйы гуырдзиаг агресси æрлæууын кæныны æмæ социалон-экономикон фæстиуджытæ æрбæстон кæныны хъуыддаджы Уæрæсейы Федераци æххуысы къух кæй фæдаргъ кодта Республикæ Хуссар Ирыстонмæ, афтæмæй ма 2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады фæстæ хæларадон ахастытæ кæй сфидар кодтой, æппæт уыдæтты тыххæй Хуссар Ирыстоны адæм бузныг сты Уæрæсейы Федерацийæн, афтæмæй ма Уæрæсе дæнцæг кæмæн уыд, æппæт уыцы паддзахадтæн.

Ацы ахсджиаг бон мах мысæм Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ сæрибары сæраппонд чи тох кодта, уыдоны æмæ нæ сæртæ ныллæг къул кæнæм ацы уæззау тохы сæ цардтæ раттæг хъайтарты раз. Сæ хъæбатырдзинад алыхатт дæр тырнинаг уыдзæн.

Цхинвал, 2023 азы рухæны мæйы 20-æм бон   

20.09.2023