Республикæ Никарагуайы Хæдбардзинады боны цытæн арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Роналдо Монкада Колиндресмæ

Южная Осетия и Никарагуа

Республикæ Никарагуайы Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Роналдо Монкада Колиндресмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Никарагуайаг адæм æнусты дæргъы цæмæ бæллыдысты, уый æххæст кæнынæн бындур æрæвæрдæуыд 1821 азы рухæны мæйы 15-æм бон Центрон Америкæйы Хæдбардзинады Акты райстæй. Уæдæй фæстæмæ райдыдта зын, фæлæ ахсджиаг тох бæстæйы сæрибардзинады, национ хиæмбарынад фидар кæныны сæраппонд.

Абоны бон Команданте Даниэль Ортегайы сæргълæудæй никарагуайаг хицауады раст политикæ ахъаз у бæстæйы размæдзыдæн, æддагполитикон аренæйы йæ позицитæ æмæ йæ ном фидар кæнынæн.

Стыр æхцондзинадимæ мæ зæрдыл лæууы æрæджы де ‘рцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ дын, уавæрæй пайда гæнгæйæ, æрвитын бузныджы ныхæстæ дæхæдæг кæй балæууыдтæ нæ фарсмæ ирон адæмæн ахæм ахсджиаг бæрæгбоны, уый фæдыл. Уыцы къахдзæфæй ноджы иу хатт равдыстай, Франсиско Миранда, Карлос Фонсека, Уго Чавес, Фидель Кастро æмæ зынгæ Аугусто Сесар Сандино цы сабырад, сæрибардзинад æмæ иудзинады сæрыл тох кодтой, уыдон æвварс кæй сты никарагуайаг адæм.

Ныфс дарын, нæ иумæйаг куыст дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзæн нæ паддзахадты æмæ нæ адæмы хæрзиуæгæн дывæрсон хæларадон ахастытæ уæрæх кæнынæн, бирæвæрсыг æмгуыстады размæдзыдæн».

Республикæ Никарагуайы Хæдбардзинады боны цытæн ма Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехиямæ.

15.09.2023