Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Хæларад, æмгуыстад æмæ иумæйаг æххуысы фæдыл Бадзырды бафыстæй 15 азы рацыды цытæн

Южная Осетия и Россия

Рухæны мæйы 17-æм бон æххæст кæны 15 азы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Хæларад, æмгуыстад æмæ иумæйаг æххуысы фæдыл Бадзырды бафыстыл, кæцы ссис дыууæ бæстæйы æхсæнпаддзахадон ахастытæ бæрæг кæныны фыццаг ахæм бындурон документ.   

Бадзырды бафыст фадат радта хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг политикон диалог уæрæх кæнынæн, базарадон-экономикон, зонадон-техникон, гуманитарон æмæ æндæр фадгуыты дывæрсон æмгуыстады райрæзтæн.

Бадзырды уагæвæрдтæ уайтагъддæр фадат радтой дыууæ бæстæйы æмархайд ног æмвæзадмæ ракæнынæн. Бадзырд цы принциптыл бындуриуæг кодта, уыдон та райрæзтысты 2015 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмиуад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырды бафыстимæ. Абоны бон æмгуыстады алы фадыджы дæр архайы 130 документæй фылдæр, кæцытæ фадат дæттынц дывæрсон æмархайдæн. 

Ацы ахсджиаг бон нын дзурæг у хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмахастыты барадон здæхтыл, кæцыйы ирдæй зынынц иумæйаг æххуысы ахадгæдзинад, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы национ интересты хъахъхъæд Фæскавказы сабырад, æдасдзинад æмæ стабилондзинады сæраппонд.

Ацæугæ рæстæгмæ Бадзырды сæйрагдæр нысаниуджытæ, кæцытæ здæхт сты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастыты дарддæры фидаркæнынадмæ, нæ фесæфтой сæ актуалондзинад æмæ, дыууæ адæмы интерестæ хынцгæйæ, дарддæр æппæтварсонæй сæ куыст кæнынц.

Бадзырдон-барадон бындурыл æнцой гæнгæйæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе фидар кæнынц стратегион æууæнкдзинад, иумæйаг æххуыс æмæ ахъаз сты интеграцион процесстæн.

Цхинвал, 2023 азы рухæны мæйы 17-æм бон

17.09.2023