Новости

Archive

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны министрады Сырæзты боны цытæн. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ сырæзты бонæй фæстæмæ æнтысджынæй æххæст кæны бæстæйы æддагполитикон курс. Зын æхсæнадæмон уавæры хуссарирыстойнаг дипломаттæ уæзгæ хайбавæрд хæссынц паддзахадон интерестæ размæ кæныны, сæ Фыдыбæстæйы æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны хъуыддагмæ. 

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсарæн Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1992 азы РХИ-йы Æддагон бастдзинæдты министрад куы сфидар, уæдæй фæстæмæ уæхскуæзæй хъахъхъæдта æвзонг республикæйы суверенон интерестæ. Ацæугæ азты зын уавæрты РХИ-йы ФХъМ æнтысджынæй æххæст кодта национ æддагон политикæйы хæстæ, æхсæнадæмон аренæйы республикæйы позицитæ æмæ авторитет фидар кодта.

А.М. Джиоев и М.Ю. Галузин

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Михаил Галузин Республикæ Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Зæрдæбынæй арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æппæт коллективæн Дипломатон кусæджы боны цытæн!

Министрад абон æнтысджынæй æххæст кæны Республикæйы æхсæнадæмон позицитæ фидар кæныны æмæ йæ фæсарæйнаг бастдзинæдты райрæзты фæдыл ахсджиаг хæстæ. 

Ахсар Джиоев

- Зæрдæвæрæны мæйы 28-æм бон РХИ-йы ФХъМ-йы сырæзтыл æххæст кæны 32 азы. Æхсар Мураты фырт, абоны бон Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйæн цы хæстæ сты сæйрагдæртæ? Цавæр сты уагдоны пълæнттæ æввахс рæстæгмæ?

А.Э. Гаглоев

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы боны цытæн!

Æддагон политикæ у суверенон æмæ хæдбар паддзахады ахсджиаг иуæг. Зын æмæ ивгæ геополитикон уавæры уæлдай ахадгæ у дунеон аренæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад бахъахъхъæныны фадыджы дипломатон куыст. 

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыйы цы радон ныхас æрцыд загъд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмимæ иу фидæнмæ тырнындзинады фæдыл, уымæ. Ацы хатт та хæдбардзинады бонмæ йæ раныхасы гуырдзиаг премьер-министр Кобахидзе раргом кодта «2030 азмæ ирон æмæ абхазаг æфсымæртæ æмæ хотимæ иугонд æмæ тыхджын Гуырдзыстоны» цæрыны фæдыл «гуырдзиаг фæнд». 

Фотовыставка «Беслан. Помнить, чтобы жить»

Зæрдæвæрæны мæйы 21-æм бон Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Университеты (ХИПУ) равдыстыты залы байгом къамты равдыст «Беслæн. Цæрынæн зæрдыл дарын», кæцыйы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар.

Беслæны скъолайы трагикон цауты охыл къамты равдыст бацæттæ кодтой Террористон актты амæттæгты ассоциаци «Беслæны мадæлтæ» æмæ ХИПУ.

Цхинвал, 2024 азы зæрдæвæрæны мæйы 21-æм бон

Встреча Ахсара Джиоева с Артуром Цаллаговым и Вячеславом Дзагоевым

Зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд РЦИ-Аланийы Националон политикæ æмæ æддаг бастдзинæдты министрады Религиозон организацитæ æмæ экстремизмы профилактикæйы фæдыл хайады Сæрдар Цæллæгаты Артур æмæ æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы Сæрдары хæдивæг Зæгъойты Вячеславимæ, кæдон æрцыдысты Цхинвалмæ Зары трагедийæ 32 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæм.

Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн æмæ банысан кодта, се ‘рцыд уæлдай хатт дзурæг кæй у дыууæ Республикæйы адæмы иудзинадыл.

Исламская Республика Иран

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Ираны Президент Эбрахим Раисийы амæлæты охыл арвыста мæсæллæйы нотæ Уæрæсейы уæвæг Пысылмон Республикæ Ираны Минæварадмæ.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ мæсæллæй кæны 2024 азы зæрдæвæрæны мæйы 19-æм боны вертолеты æрхауды цауы охыл, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты Пысылмон Республикæ Ираны Президент Сейед Эбрахим Раиси, Ираны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Хосейн Амир Абдоллахиан æмæ æндæр паддзахадон архайджытæ. 

Зарская трагедия

Зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон – гуырдзиаг агрессийы амæттæгты Мысæн æмæ хъынцъымы бон.

1992 азы зæрдæвæрæны мæйы гуырдзиаг хæстонтæ æмбæхст ранæй æгъатырæй ныццагътой, сæ цард фервæзын кæнынмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгатмæ чи лыгъд, уыцы ирон æмбæстæгты. Ацы æгъатыр трагеди ирон адæмы историйы сау дамгъæтæй фыстæй баззайдзæн æнустæм. 

Ацы æбуалгъ фыдракæнды амæттæгтæ систы 33 æнаххос адæймаджы, уыдоны нымæцы сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ. 

Южная Осетия и Абхазия

Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Сырæзты боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Йæ сырæзты бонæй фæстæмæ Республикæ Абхазы æддагполитикон уагдон бæрзонд профессионалон æмвæзадыл æххæст кæны йæ хæстæ, æппæтварсонæй архайы паддзахады хæдбардзинады дарддæры фидаркæнынадыл, аккагæй хъахъхъæны æхсæнадæмон аренæйы йæ бæстæйы интерестæ.