Тæргæйтты мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд РХИ-йы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы рабадт. Рабадты хайад райстой РХИ-йы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы Сæрдар, РХИ-йы ФХъМ-йы Фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты фæдыл хайады Сæрдар Санахъоты А.Г., афтæмæй ма Советы уæнгтæ – Министрады кусджытæ.
Рабадты рæстæджы æрдзырдæуыд саразгæ куысты фæдыл, афтæмæй ма нысангонд æрцыдысты æввахс мæйтæм мадзæлттæ. Ныхас цыд РХИ-йы ФХъМ-йы ÆДС-йы æмгуыстадыл Республикæ Хуссар Ирыстон, Уæрæсейы Федераци æмæ æндæр хæларадон паддзахадты паддзахадон уагдæтæ æмæ фæсивæдон организацитимæ.
Æвзонг дипломатты совет арæзт æрцыд 2024 азы рухæны мæйы æмæ йæ сæйраг нысан у æвзонг кусджытимæ архайд сцырен кæнын, хуссарирыстойнаг дипломатон службæйы традицитæ бахъахъхъæнын, æвзонг кадрты профессионализм æмæ квалификаци фæуæлдæр кæнын. Æвзонг дипломатты советы сæйраг хæстæ сты Министрадмæ ног æрбацæугæ æвзонг кусджытæн профессионалон æххуыс, афтæмæй ма фæсарæйнаг паддзахадты æвзонг дипломаттæ æмæ фæсивæдон æхсæнадон организацитимæ ахастытæ дарддæр кæнын.
2025 азы тæргæйтты мæйы 25-æм бон