Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ауагъта кусæгон фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ

А.Э. Гаглоев провел рабочую встречу с А.М. Джиоевым

Хуымгæнæны мæйы 7-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан ауагъта кусæгон фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ. 

Æддагполитикон уагдоны сæрдар радзырдта саразагæ куыст æмæ ныры архайды сæйраг здæхтыты фæдыл. 

Ныхасы сæйрагдæр темæтæй иу ссис Уæрæсейы Федерациимæ æмархайд. 

Сæрмагондæй, ныхас цыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн Уæрæсейы Федерацийы территорийыл шофыры сæрмагонд æвдисæндар райсыны домæнтыл. 

Президент банысан кодта, ацы фарстайыл кæй æрдзырдæуыд Уæрæсейы Президенты Администрацийы Сæргълæууæгы Фыццаг хæдивæг Сергей Кириенкоимæ фембæлды рæстæджы. Паддзахады сæрдары ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн уыцы æвдисæндартæ райсыны рæстæг развæлгъау бадзырдмæ гæсгæ хъуамæ иргъæвд æрцæуа. 

Хицæн хъусдард аздæхтæуыд фæсарæйнаг æмбæстæгтæ Уæрæсейы Федерациимæ арæныл ахизыны ног уагæвæрды хъуыддагмæ. 

Джиоты Æхсар куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстонæн ныхас цæуы уæрæсейаг фарсимæ, цæмæй республикæйы цæрджытæй УФ-йы æмбæстагад кæмæн нæй, уыдонæн æнцондæр уа Уæрæсейы территоримæ бахизын. 

Ног нормативон акттæм гæсгæ, 2025 азы сусæны мæйæ фæстæмæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ иууылдæр цæудзысты сæрмагонд процедурæ Уæрæсейы территоримæ æрбахизыны рæстæджы. Уый фæдыл Хуссар Ирыстон арвыста Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ официалон нотæ, цæмæй республикæ ист æрцæуа, ацы нормæтæ цы бæстæтыл æндавынц, уыдоны хыгъдæй. 

«Уæрæсейаг коллегæтимæ диалог цæуы алыхуызон æмвæзадтыл, се ‘хсæн Президенты Администраци æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад дæр. Уæрæсейаг фарсы 'рдыгæй фарстайыл куыст цæуы æмæ проблемæ хъуамæ скъуыддзаг æрцæуа», – банысан кодта Джиоты Æхсар. 

Афтæмæй ма банысан кодта, фарста кæй у вазыгджын, фæлæ йыл куыст цæуы æнæрлæугæйæ. 

Фембæлды фæуды Гаглойты Алан бахахх кодта Уæрæсейы Федерацийы коллегæтимæ æмархайд дарддæр кæныны ахсджиагдзинад æмæ бахæс кодта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн, цæмæй ацы фарстатæ уæлдай хъусдарды бын уой.

https://presidentruo.org/vstrecha-s-ministrom-inostrannyh-del-ahsarom-dzhioevym-3/

07.04.2025