Хуымгæнæны мæйы 19-æм бон Цхинвалы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Дывæр æмбæстагады фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Бадзырды ратификацийы грамотатæ кæрæдзимæ раттыны процесс.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы хайадистæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов бафыстой ратификацион грамотатæ кæрæдзимæ раттыны фæдыл суагъæ.
11-æм уацмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы хсæн Дывæр æмбæстагады фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл бадзырд йæ тыхы бацыд 2025 азы хуымгæнæны мæйы 19-æм бон – ратификацион грамотатæ кæрæдзимæ раттынæй.
2025 азы хуымгæнæны мæйы 19-æм бон