РХИ-йы ФХъМ-йы минæвары комментари Гуырдзыстоны рæстæгмæ парламентон къамисы куысты фæдыл

Парти «Гуырдзиаг фæнд»-ы полисоветы уæнг Тея Цулукианийы сæргълæудæй Гуырдзыстоны райдыдта йæ куыст раздæр архайæг парти «Иугонд национ змæлд» цы фыдракæндтæ сарæзта, уыдон сбæрæг кæныны фæдыл рæстæгмæ архайæг парламентон къамис. Къамис арæзт æрцыд 2025 азы æртхъирæны мæйы 5-æм бон.

Нысан куыд цæуы, афтæмæй къамис æвзардзæн канд 2003 азæй 2012 азмæ сарæзт фыдракæндтæ нæ, фæлæ ма бавналдзæн 2012 азы фæстæ афонмæ дæр. Уыдоны ‘хсæн М.Саакашвили президент цы рæстæг уыд, уæд æрцæугæ цаутæ, сæрмагондæй, 2008 азы майрæмты мæйы трагеди.

Хуссар Ирыстонæн 2008 азы майрæмты мæйы трагеди уыд æмæ у æнæбайгас хъæдгом. Уыцы фыдæвзарæн бонты фæхъуыдысты сæдæгай бынæттон цæрджытæ, уæрæсейаг æмæ ирон фидауынгæнджытæ. Æнæдызæрдыгæй, хæстон агресси чи расидт, Хуссар Ирыстонмæ æрбабырсыны, ирон адæмы геноцид расидыны фæдыл бардзырдтæ чидæриддæр дæтта, уыцы фыдгæнджытæ хъуамæ æмбæлон æфхæрд баййафой.

2008 азы майрæмты мæйы цаутæн саргъ кæныны хъуыддагмæ цас растæй бацæудзæн къамис, уый фенын кæндзæн рæстæг, фæлæ бæрæг сты Х.Тальявинийы сæргълæудæй æхсæнадæмон къамисы куысты хатдзæгтæ, кæцытæм гæсгæ агрессор у Гуырдзыстон. Афтæмæй ма бæрæг у, Хуссар Ирыстоны адæм кæй равзæрстой хæдбар паддзахады арæзтад, Уæрæсеимæ æмæ æндæр хæларадон бæстæтимæ ахастытæ фидар кæнын. 2008 азы майрæмты мæй ирдæй равдыста, чи бæллы ирон адæмы хорзмæ, чи та нæ.

2025 азы тæргæйтты мæйы 29-æм бон

29.03.2025