Archive

Брестская крепость-герой

Хурхæтæны мæйы 21-22 бонты Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ белорусаг адæмы геноциды амæттæгты Æппæтадæмон мысæн боны охыл мадзæлтты, кæцытæ ацæудзысты Бресты.

Хурхæтæны мæйы 22-ы изæр мемориалон комплекс «Бресты гæнах-хъайтар»-ы ацæудзæн Бресты зылды филармонийы камерон оркестры равдыст «Мысæн музыкæ», уый фæстæ митинг-реквием «Фæмардуæвджыты рухс ном аккагæй хæссут!» – Æнусон артмæ дидинтæ сæвæрыны церемони. Кобрины фидары ацæудзæн хæстон-историкон реконструкци «1942 азы хурхæтæны мæйы 22-æм бон. Бресты гæнах».

Южная Осетия и Приднестровье

Бендеры трагедийæ 32 азы рацыды охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста мæсæллæйы нотæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«1922 азы хурхæтæны мæйы 19-æм бон у Приднестровьейы историйы æппæты уæззаудæр бонтæй иу. Уæд молдаваг националисттæ ахызтысты гуманитарон барады æппæт нормæты сæрты дæр, цы æркодта сæдæгай мæрдтæ æмæ цæфтæм, бирæ пырхæнтæм.

А.М. Джиоев и М.Ю. Галузин

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Михаил Галузинмæ Райгуырæн боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Фæлтæрд дипломат уæвгæйæ, бирæ азты дæргъы хæссыс фæстиуæгджын уынаффæтæ, кæцыты сæйраг æнтыст у дæ иузæрдиондзинад куыстыл, бæрнон ахаст.

Хуссар Ирыстоны дæ зонынц æмæ дын аргъ кæнынц куыд нæ бæстæты ‘хсæн стратегион партнерад æмæ дарддæры интеграцийы фарслæууæг, бузныг дæ сты дывæрсон æмгуыстады фарстатæм дæ хъусдарды фæдыл».

Ахсар Джиоев и Сергей Лавров

Уæрæсейы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Бæстæйы сæйраг бæрæгбон нысан кæны Уæрæсейы паддзахадон тых æмæ иу кæны Уæрæсейы æппæт адæмыхаттыты дæр сæ иумæйаг Фыдыбæстæмæ уарзондзинад, сæ уидæгтыл иузæрдиондзинад, историйæн кад кæнын æмæ сабырæй цæрынмæ тырнындзинады тæгтæй.

МИД Южной Осетии

2024 азы хурхæтæны мæйы 9-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны ацыдысты Парламенты æстæм æрсидты депутатты æвзæрстытæ. Хъæлæскæнынад цыд 73 æвзарæн фадыджы, кæцытæй 2 гом æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы территорийыл.

Суагъæты банымады фæстæ Республикæйы Парламентмæ бахызтысты партитæ «Иугонд Ирыстон», «Ныхас», «Адæмон парти» æмæ «Комунистон парти».

Æвзæрстытæм сæ хъус дардтой 30 æхсæнадæмон цæстдарæджы Уæрæсе, Беларусь, Абхаз, Туркæй. Æвзæрстытæ ацыдысты сабырæй, национ закъон æмæ æхсæнадæмон стандарттæм гæсгæ.

А.М. Джиоев и А.В. Дзермант

Хурхæтæны мæйы 9-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Беларусæй æхсæнадæмон цæстдарæг Алексей Дзерманты. 

Беларусы Минæвар æрцыд Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æвзæрстытæм æхсæнадæмон цæстдарæджы хуызы. 

Алексей Дзермант банысан кодта, æвзæрстытæ кæй цæуынц бæрзонд æмвæзадыл, бæстæйы закъон æмæ æхсæнадæмон æвзарæн стандарттæм гæсгæ

Цхинвал, 2024 азы хурхæтæны мæйы 9-æм бон

 

Ахсар Джиоев и Патрик Поппель

Хурхæтæны мæйы 9-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Австриаг Республикæйы Минæвар Патрик Поппелы, кæцы æрцыд Цхинвалмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æвзæрстытæм æхсæнадæмон цæстдарæджы хуызы. 

Фембæлды рæстæджы Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта уазæгæн Республикæйы политикон цаутæм цымыдисдзинады фæдыл. Патрик Поппелы хъуыдымæ æвзæрстытæ цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон æмæ æхсæнадæмон æвзарæн стандарттæм гæсгæ. 

Цхинвал, 2024 азы хурхæтæны мæйы 9-æм бон

 

А. Джиоев, Б. Хоситы и С. Кусаты

Хурхæтæны мæйы 8-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Туркаг Республикæйы Минæвæртты Хоситы Бурхан æмæ Хъуысаты Садреттины, кæдон æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æстæм æрсидты депутатты æвзæрстытæм æхсæнадæмон цæстдарджыты хуызы. 

Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн се ‘рцыды æмæ Хуссар Ирыстоны политикон цардмæ цымыдисдзинады фæдыл. Хоситы Б. æмæ Хъуысаты С. банысан кодтой æвзæрстыты ахсджиагдзинад Хуссар Ирыстоны дарддæры райрæзты, йæ политикон институттæ хуыздæр кæныны хъуыддаджы. 

МИД Южной Осетии

Хурхæтæны мæйы 4-æм бон ИНО-йы Генералон ассамблейы 78-æм сессийы фæлгæтты радон хатт ист æрцыд Гуырдзыстонæй сразæнгардгонд лигъдæтты фæдыл резолюци. 

В.Н. Сошнин

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста мæсæллæйы нотæ Уæрæсейы Федерацийы Минæварадмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны 2 къласы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар отставкæйы Сошнин Николайы фырт Виталийы амæлæты охыл.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«Йæ цардæй ахицæн хъæздыг миддунейы хицау, диссаджы хорз дипломат, профессионал æмæ зæрдæхæлар адæймаг.

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Сириаг-Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнын æмæ кæрæдзийы банымады охыл Коммюнике бафыстæй 6 азы рацыды фæдыл.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Ацы цау æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны радон бæрæгбоны æмæ ссис Хуссар Ирыстоны ног историйы ахсджиагдæр цаутæй иу. Ирон адæм ноджы хуыздæр бамбæрстой, сæ равзаргæ фæндаг раст кæй у, уый.  

Церемония возложения цветов к бюсту первого руководителя Южной Осетии Т. Кулумбегова

Зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Республикæйы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торезы бюстмæ дидинтæ æмæ веноктæ сæвæрыны церемонийы, кæцы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акты райстæй 32 азы рацыды цытæн.

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, министрадты æмæ уагдæтты минæвæрттæ, Парламенты I æрсидты депутаттæ, Республикæйы æхсæнад.

Цхинвал, 2024 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон