Арфæйы фыстæг Сириаг-Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал Микдадмæ Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнын æмæ кæрæдзийы банымады фæдыл Коммюнике бафыстæй 6 азы рацыды тыххæй

Южная Осетия и Сирия

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Сириаг-Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнын æмæ кæрæдзийы банымады охыл Коммюнике бафыстæй 6 азы рацыды фæдыл.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Ацы цау æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны радон бæрæгбоны æмæ ссис Хуссар Ирыстоны ног историйы ахсджиагдæр цаутæй иу. Ирон адæм ноджы хуыздæр бамбæрстой, сæ равзаргæ фæндаг раст кæй у, уый.  

Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц Башар Асад æмæ Сирийы адæмы ныфсджын къахдзæфæн, уыдон хæлардзинады къух фæдаргъ кодтой бирæ зындзинæдтæм нæкæсгæйæ. Ирон адæмæн æдзухдæр сæ зæрдыл лæудзæн ацы æххуыс».

Афтæмæй ма Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Башар Джаафаримæ.

 

29.05.2024