13-14 декабры Женевæйы цæуы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы 38 раунд. Хуссарирыстойнаг фарсы сæргъ лæууы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К.
13 декабры Хуссар Ирыстоны делегаци ауагъта дыууæварсон консультацитæ æхсæнадæмон делегациты минæвæрттимæ.
Уагъд ма æрцыд æртæварсон консультацитæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегацийæн Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Абхазы делегацитимæ.