- Дæ хорзæхæй, радзур ма нын ивгъуыд азы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къухты цахæм бындурондæр æнтыстытæ бафтыдысты, уыдон тыххæй?
- 2013 азы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ архайд дарддæр кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ гæсгæ, закъондæттынадон æмæ нормативон-барадон базæмæ гæсгæ. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайды бындурондæр фæдæздæхт уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æттагон политикæйы иумиаг стратеги бакусын æмæ Президент кæй амоны, паддзахады уыцы иумиаг æттагонполитикон курс сæххæст кæнын. Ацы хæстæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадыл æвæрд сты «Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады тыххæй» Уагæвæрдмæ гæсгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны 2005 азы 27 апрелы Указ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады координацигæнæг ролы тыххæй иууон æттагонполитикæ уадзыны фæдыл». 2013 азы 5 азы сæххæст Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл. Афтæ æмæ 2013 аз у сæрмагондæй зæрдылдаринаг. 2013 азы 30 апрелы Президент Тыбылты Леонид Харитоны фырт адæммæ æмæ Парламентмæ йæ ныстуаны бафидар кодта Хуссар Ирыстонæн сæйраг æмæ стратегион партнер Уæрæсе кæй у, уый. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерациимæ дарддæр дæр хæлар ахастытæ рæзын æмæ арфдæр кæнын у нæ куысты приоритетон фæдæздæхт.
2013 азы 9 сентябры нысан цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ кæй сырæзтысты, ууыл фондз азы сæххæсты æмæ 2013 азы 17 сентябры та нысангонд цыдис Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хæлардзинад, æмкуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныныл 5 азы сæххæсты бон.
2013 азы нысан æрцыдис РХИ æмæ УФ ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты цыппар Фидыдыл: Уæрæсейы Федерацийы Нымайæн палатайы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны контролон нымайæн палатайы контролон мадзал ауадзыны фæдыл Фидыд, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн специализацигонд таможнæйон органы бынатылæуд адæймæгты архайд (æнæрхайд) скъуыддзæгты тыххæй бахъаст кæныны фæдыл Фидыд, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æмæ Уæрæсейы Федерацийы хицауады ‘хсæн кæрæдзийæн специализацигонд, у.н. бæрзондтехнологион, медицинон æххуыс, хостæй ифтонг кæнын дæр ма сæм бафтаугæйæ, æмкуысткæнынады Фидыд, Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы ‘хсæн 2013-2014 азтæн Программæ.
Афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы субъекттимæ къухтæ фыст æрцыдысты дыууæ фидыдыл: Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Хъæрæсе-Черкессы Хицауады ‘хсæн барадон-экономикон, зонадон-техникон æмкуысткæнынады тыххæй Фидыд æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы (Уæрæсейы Федераци) Хицауады ‘хсæн социалон-экономикон, зонадон-техникон æмæ культурон æмкуысткæныны фæдыл Фидыд.
Куыст сыл цæуы æмæ сыл къухтæ æрфыссыны стадийы ныртæккæ сты 20 Фидыдæй фылдæр, уыцы нымæцы дывæр æмбæстагдзинады фарст æрбæстон кæныны фæдыл Бадзырд, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг паддзахадон арæны тыххæй Бадзырд.
Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæнаг хъуыддæгты министрад 2010 азæй фæстæмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн йæ профилон уæлдæр ахуыргæнæндæтты рахицæн кæны бынæттæ. Ацы аз мах ауагътам конкурс, кæцыйы фæстиуджытæм гæсгæ дзы фондзæй рекомендаци ‘рцыдысты Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институтмæ (университет) (ДАМПИ (У)).
Мах не ‘фсымæрон республикæтæ – Абхазы Республикæ, Приднестроваг Молдоваг Республикæ æмæ Хæххон Хъарабахы Республикæимæ фæдфæдылонæй рæзын кæнæм æхсæнпаддзахадон ахастытæ.
2013 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы Республикæйы культурæты министрадты ‘хсæн æмкуысткæнынады фæдыл Фидыдыл æрцыдис къухфыст, афтæ ма Уæлвæткон ситуацийы министрады æмæ Абхазы Республикæйы Уæлвæткон ситуацийы управлениимæ Фидыдыл Уæлвæткон ситуацийы тыххæй æмæ ахæм уавæр куы фæзына, уæд йæ аиварс кæныны тыххæй.
2013 азы 15 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указæй Боциты Олег Ильяйы фырт нысан æрцыдис РХИ Чрезвычайон æмæ æххæстбарджын Минæварæй Абхазы Респуликæйы. 20 августы уый æууæнчы грамота радта Абхазы Республикæйы Президент Александр Анквабмæ.
12 октябры нысан цыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестроваг Молдоваг Республикæйы ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады фæдыл къухтæ фыст куы ‘рцыдысты, ууыл 19 азы сæххæсты бон.
Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Президент Е. Шевчукы 2013 азы 17 сентябры Указæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестроваг Молдоваг Республикæйы ‘хсæн æдзухон æмархайдтытæ сфидар æмæ рæзын кæныны нысанæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестроваг Молдоваг Республикæйы ‘хсæн Бадзырдмæ гæсгæ» Коцты Егор Ерихы фырт нысан æрцыд Республикæ Хуссар ирыстоны Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Официалон минæварады Сæргълæууæгæй.
Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Женевæйы дискусситы фæлгæтты Хуссар Ирыстон дарддæр дæр куыста, цæмæй разæууæлтæ фæзындаиккой, Гуырдзыстон иуæрдыгæй æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз – иннæ ‘рдыгæй се ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документ саразынæн.
2013 азы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæхимæ иста фæсарæйнаг делегациты. Уыдон уыдысты дипломаттæ, официалон адæймæгтæ, эксперттæ дунейы алы бæстæтæй. Сæрмагондæй банысан кæнын хъæуы Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Президент Е.В. Шевчукы æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Н.В. Штанскийы визит Республикæ Хуссар Ирыстонмæ. Венесуэлайы Боливариайнаг Республикæйы минæварады кусджыты визит, Итали – Хуссар Ирыстоны Хæлардзинады æхсæнады делегаци президент профессор Мауро Мурджиайы сæргълæудæй. Къорд фæсарæйнаг визиты уыдысты хуссарирыстойнаг æдтагонполитикон уагдоны министр æмæ йæ хæдивджытæ. Уæрæсейы Федерацийы цалдæр кусæгон фембæлды раундты хайад иста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Санахъоты Д.Г. Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг статс-секретарь Г.Б. Карасинимæ.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ активон хайад исынц экономикон бастдзинæдты рæзты фæдыл дæр. 2013 азы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр кусæгон визиты уыдис Чехийы, цæмæй сарæзтаит бизнес-контакттæ. Министры хæдивæг Коцты А.К. у УФ æмæ РХИ ‘хсæн æхсæнхицауадон социалон-экономикон æмкуысткæнынады къамисы уæнг. Хайад ма райста Сочийы инвестицион форумы куысты дæр.
- Цахæм плæнттæ ис æттагонполитикон уагдонæн 2014 азы?
- Хуссарирыстойнаг дипломатийы хъусдарды раздæрау ныр дæр уыдзæнис Хуссар Ирыстоны рæзты æппæтфарсон сырæзтæн хорз уавæртæ йæ социалон-экономикон рæзты, не ‘мбæстæгты царды ‘мвæзады гъæд рæзын кæнынæн. Æнæуыдон нæй гæнæн æмæ дунеон æмæхсæнады ‘хсæн нымад цæуа нæ паддзахад. Ацы нысæнтты сæраппонд æппæт тыхтæ дæр здæхт цæудзысты дунеон тыгъдады Республикæ Хуссар Ирыстоны имидж размæцыдæн æнæмæнгхъæуæг цыдæриддæр у, уый сæраппонд. Абоны бонмæ уал Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, Уæрæсейы дарддæр, ноджыдæр банымадтой Никарагуа, Венесуэла, Науру, Тувалу. Уыдонимæ махæн ис æхсæнпаддзахадон æмахастытæ. Марты Венесуэлайы æппæт адæмимæ Венесуэлайаг Боливариайнаг республикæйы Президенты Уго Рафаэль Чавес Фриасы фæзианыл хъыг кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм дæр. Махæн ахсджиаг у, цæмæй æппæт паддзахадтимæ дæр саразæм хæларадон, æмбар æмæ партнерон ахастытæ. Фидар фæндондзинад нæм ис æппæт, уымæ цæттæдзинад чи равдиса, уыцы партнертимæ æмархайд кæнынмæ.