2013 азы 26 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттæ. Делегаци Цхинвалы фембæлдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Хуссар Ирыстонæй Женевæйы дискусситы хайадисджытимæ.
Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис 2013 азы 17-18 декабры уагъд чи хъуамæ ‘рцæуа, Женевæйы дискусситы уыцы радон раунд ауадзынмæ бацæттæ кæныны фарстатыл.
Фембæлды хайадисджытæ та ногæй банысан кодтой, тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй къухтæ æрфыссыны æнæмæнгхъæуындзинад. Уымæй дарддæр ма уынаффæ цыдис, гуманитарон характер кæмæн ис, ахæм фарстатыл дæр. Хуссарирыстойнаг делегаци ма акцент сарæзта, æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыцы адæймæгты, афтæ ма политикон мотивтæм гæсгæ Гуырдзыстоны тæрхондæтты æнæзакъононæй тæрхон кæуыл æрцыдис, Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгты хъысмæтмæ æмæ дыууæ ‘рдыгæй фарс дæр, ахстыты баивгæйæ ссæрибар кæныны гæнæнтæм.
Визиты рæстæджы Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттæ уыдысты Хуссар Ирыстоны Знауры районы Мугуты хъæуы, кæцыран сын фадат уыдис, цæмæй сæ бауырныдтаит Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæн кæуылты цæуы, уым инженерон-ныхмæвæрæн арæзтадтæ арæзт кæй цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийы паддзахадон арæны фæрсты арæн кæуылты цæуы, уымæй бæрæг дæрддзæджы. Делегаци ма уыдис Аунеуы аргъуаны дæр.
Цхинвал, 2013 азы, 26 ноябрь