РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид: Цытджын журналисттæ!
Нæ паддзахады æттагонполитикон курс æххæст кæнгæйæ, кæцы бæлвырдгонд цæуы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Уагæвæрдæй, нæ Конституцийæ æмæ Президенты æрвылазон Ныстуанæй уыдис нæ балц Италимæ, кæцыран политикон, экономикон æмæ культурон сферæты куыстам нæ ахастыты рæзты фарстатыл. Цалдæр фембæлды уагъд æрцыдысты Италийы парламентарон-политикон партиты минæвæрттимæ. Фембæлдыстæм ма бизнесментимæ дæр. Уыдонимæ куыстам экономикон æмкуысткæнынад æрбæстон кæныныл, инвестицитæ йæм æрбакæныныл. Нæ италиаг коллегæтæ æмæ хæлæртты ‘рдыгæй ацы фарстаты кæрæдзи хорз бамбæрстам.
Нæ къухты иууыл ахсджиагдæр цы бафтыдис, уый уыдис горæт Ланузейимæ æмкуысткæнынады фæдыл Фидыдыл нæ къухтæ кæй æрфыстам, уый. Горæт Цхинвалы мэр Æлборты Алан æмæ горæт Ланузейы мэр Давид Ферелли Хуссар Ирыстонимæ Ассоциацийы активон фарсхæцынадæй сæ къухтæ æрфыстой культурон æмæ экономикон сферæты хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады Фидыдыл. Уымæй дарддæр ма нæ визиты рæстæджы уыдыстæм цалдæр куыстуаты, федтам хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ. Баныхæстæ ма нын уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл иумæ цахæм программæтæ у нæ бон æххæст кæнын, абоны бонмæ италиаг коллегæтæм цы технологи æмæ фæлтæрдзинад ис, уыцы фадаттæй спайда кæнгæйæ.
Уыдыстæм ма Сан-Маринойы Республикæйы дæр. Уым нын фембæлдтытæ уыдис политикон партиты минæвæрттимæ, кæцытæ абоны бонмæ сты ацы республикæйы Парламенты сконды. Уыдоны ‘рдыгæй фарс дæр нæ хорз бамбæрстой æмæ не ‘вварс рахæцыдысты, Хуссар Ирыстонæн иууыл ахсджиагдæр чи сты, уыцы фарстатæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы. Мах æвæрдтам, канд политикон фарстатæ нæ, фæлæ ма экономикон бастдзинæдты рæзты планы дæр æмæ сын истам æвæрдзаг дзуаппытæ.
Ацы аз мах æнхъæлмæ кæсæм нæ партнерты делегациты визиттæм. Уыдон нæм цæудзысты бадзырдтæ дарддæр кæнынмæ, цæмæй нæ бадзырдтæ ахизой практикон хъуыддагмæ.
Мæ ныхæстæм ма бафтаудзынæн уый дæр æмæ горæт Ланузей дарддæр, кæцыимæ къухтæ æрфыстам æмкуысткæнынады тыххæй Фидыдыл фембæлдыстæм æндæр горæдты – Теральба æмæ Тертенияйы горæдты мэртимæ. Уыдонимæ дæр нын уыдис ахадæн бадзырдтæ. Афтæ æмæ бындур сарæзтам æмкуысткæнынады рæзтæн. Афтæ мæм кæсы æмæнæ коллегæтимæ цы цыбыр рæстæджыæмбæлæм, Италийы Республикæйы тыххæй зæгъын, уым нæ къухты хорз æнтыстытæ бафтыдысты. Æмæ кæд йæ тæккæ райдианы – фарон сæрды Италийы Хуссар Ирыстоны тыххæй уадиссаг ницы зыдтой, уæд абон та уæндонæй нæ бон у æмæ зæгъæм, сæ Парламент æмæ уæллаг палатамæ – Сенатмæ нын фæндаг гом кæй у, уый тыххæй. Нæ ахастытæ рæзынц бирæ политикон тыхтимæ, кæцытæ зонынц Хуссар Ирыстоны цы прцесстæ цæуынц, уыдон, нæ адæмы къухты æнтыстытæ цæмæй бафтой æмæ абон дунейы нымад чи сты, уыцы бæстæтимæ иу бинонтау суæвын.
Чилæхсаты Иринæ, «Эхо Кавказа»: Италийы цахæм статусимæ уыдыстут, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры статусы æмæ мэры статусы æви куыд æнæхицауадон организацийы минæвар, афтæ?
Санахъты Давид, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр: Райдианы ма куыд загътон, афтæмæй мах æххæст кодтам уыцы паддзахадон программæ, уыцы паддзахадон хæстæ, кæцыты нын нæ разы æвæрынц нæ закъæттæ æмæ Президент æмæ кæцыты тыххæй загъта йæ Ныстуаны. Æз уыдтæн Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры статусы, Алан Юрийы фырт та – г. Цхинвалы Сæргълæууæджы статусы. Нæ документтæ дæр раст афтæ балæвæрдтам виза райсыны тыххæй. Визатæ райстам, куыд Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр æмæ куыд г. Цхинвалы мэр, афтæ.
Чилæхсаты Иринæ, «Эхо Кавказа»: Чи сты уæ италиаг хæлæрттæ, конкретонæй цахæм политикон партитимæ æмбæлдыстут?
Санахъты Давид, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр: Италийы архайы «Италийы æмæ Хуссар Ирыстоны хæлардзинады Ассоциаци». Йе сконды чии с, уыцы адæймæгты нымæц алы хатт дæр кæны фылдæрæй-фылдæр.Уыцы политикон Ассоциации у кæны, Хуссар Ирыстоны ‘вварс чи кæнынц, бирæ ахæм политикты æмæ амалиуæггæнджыты.
Италийы комкоммæ фылдæр æмбæлдыстæм галиууон партитимæ. Италийы Республикæмæ нын нæ сидты ‘вварс дæр рахæцыд «Фондз стъалы»-йы парти. Мах хæларæйныхас кæнæм Сан-Маринойы Социалистон партиимæ, Баиугонд галиууонтимæ. Фембæлттытæ ма нын уыдис, нæ ахастытæаразын кæимæ райдыдтам, æндæр ахæм партитимæ дæр. Уымæй дарддæр ма æмбæлдыстæм политикон тыхты алыгъуызон минæвæрттимæ, кæцытæ Италийы сты цытджын адæймæгтæ æмæ кæцытæ загътой сæ æввæрсхæцынад нæ адæмы фæстаг тохы фæдыл, дунеон æмæхсæнады нæ бынат цæмæй бацахсæм, уый сæраппонд. Мæн ма зæгъын фæнды уый дæр æмæ нын иудзинад кæй ис, канд Италийы нæ, фæлæ ма кусæм Чехаг Республикæйы дæр. Ацы хъуыддаджы нæ фарс тынг хæцынц нæ уырыссаг коллегæтæдæр – Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Уæрæсейы Федерацийы политикон тыхты минæвæрттæ. Сæрмагондæй та парти «Справедливая Россия» æппæт дæр сарæзта, цæмæй нын Чехаг Республикæйы фæзындаит парламентон партитимæ фембæлдтыты æмæ семæ ныхас кæныны фадæттæ, социал-демократон партиимæ, кæцы фарон фæуæлахиз парламентон æвзæрстыты, афтæ ма Чехийы Сенаты минæвæрттимæ æмæ Чехаг Республикæйы бизнес æмæ финансон къордты минæвæрттимæ.
Чилæхсаты Иринæ, «Эхо Кавказа»: Мæн фæхуыдтой Æнæхицауадон организациимæ фембæлынмæ, дзырд цыдис РХИ территоримæ кæцыдæр чехаг æнæхицауадон организаци цæмæй бацыдаит, ууыл, фæлæ йæ не ‘рбауагътой. Цы зоныс ды ацы Æнæхицауадон организацийы тыххæй æмæ цахæм у РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ахаст дунеон организацитæм, кæцыты фæнды, цæмæй кусой нæ территорийыл. Уый тыххæй исты ивындзинæдтæ æрцыдис?
Санахъты Давид, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр: Дунеон организациты æмæ æндæр бæстæты минæвæрттæм нæ паддзахады ахаст сырæзт æмæ бирæ хæттыты банысан æрцыдис, уыцы нымæцы нæ Республикæйы æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къухдариуæгады ‘рдыгæй дæр. Мах цæттæ стæм, цæмæй кусæм уыцы организацитимæ, кæцытæ нын нымайынц уæвæг реалитæ æмæ цæттæ сты Республикæ Хуссар Ирыстонимæ кусынмæ, аргъ ын кæной йæ закъæттæн ахæм æмахастыты фæлгæтты, кæцытæ нæ къухты бафдзысты бадзырдтыты рæстæджы. Кæд æмæ ацы организациты куысты ис исты ахæм аххосæгтæ, кæцытæ сын ныхдур æвæрой сæ куыстæн, уæд сын уый тыххæ лæвæрд æрцæудзæнис æмбæлон информаци. Афтæ æмæ кæд ницы аххосаг уа ацы нормæтæ халыны хъуыддаджы, уæд ницахæм ныхдуртæ фæзындзæнис ам сæ куыстæн. Ацы организацийы тыххæй та ныртæккæ конкретонæй мæ бон зæгъын ницы у.
Цхуырбаты Тимур, газет «21 Seculare»: Ды куыд загътай, афтæмæй уым æмбæлдыстут политикон партитыл æмæ дæ куы фарстой РХИ цы фæнды, хæдбардзинад æви УФ сконды цæмæй уа, уый, уæд-иу сын ды цы загътай?
Санахъты Давид, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр: Ахæм ныхас нæм никуы уыдис, фæлæ ма æз ноджыдæр иу хатт зæгъын, абоны онг дæр кæй кусæм нæ Конституци æмæ нын нæ закъæттæ куыд амонынц, афтæ. Мах æххæст кæнæм уыцы хæстæ, кæцытæ нын нæ разы æвæрынц Республикæйы къухдариуæгад æмæ нæ адæм. Нæ конституцийы комкоммæ фыст ис, мах хæтбар Республикæ кæй стæм, кæцы хъуамæ фидар кæна йæ арæнтæ, рæзын кæна йæ экономикæ, йæ ахастытæ рæзын кæна æндæр паддзахаддтимæ æмæ аккаг бынат бацахса дунеон æмæхсæнады. Мах кусæм ацы фарстатыл æмæ уый у мæ дзуапп æппæт уыдонæн, кæцытимæ æмбæлдзынæн дарддæр дæр. Кæд æмæ исты ивындзинæдтæ æрцæуой, уæд та архайдзыстæм уыдонмæ гæсгæ.
Козаты Дианæ, ИА «РЕС»: Конкретонæй цахæм куыст кодтай Италийы РХИ банымайыныл фæдыл æмæ цахæм у Итали æмæ Сан-Маринойы къухдариуæгадмæ Дæ сидты хъысмæт?
Санахъоты Давид, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæг: Нæ паддзахадæй сидт уыдис Италийы Республикæйы Парламентмæ, къухдариуæгадмæ æмæ Сенатмæ, афтæ ма йæ автономон территоритæм- Республикæ Сан-Мариномæ. Абоны бонмæ мах æххæст кæнæм уыцы куыст Италийы политикон партитимæ, цæмæй уыдон дæр сæхи ´рдыгæй рахæцой уыцы документтæм æркæсыны фарстмæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны фарстмæ æркæсой Парламенты дæр æмæ Сенаты дæр, афтæ ма æндæр гæнæнуæвæг уагдæтты дæр. Абоны онг уал нын алы инстанци дæр разы у, нæ фыстæджытæ æмæ нотатæ æрвыст кæмæ æрцыдысты, уыдонæй.
Мæн, кæй зæгъын æй хъæуы, фæнды, цæмæй нæ Республикæ нымад æрцæуа дунейы æппæт æмæхсæнадты дæр, фæлæ хъуамæ зонæм уый дæр æмæ уый иу бонмæ кæй саразай, ахæм процесс кæй нæу. Мах чысыл нæ сарæзтам, цæмæй нæ паддзахады сырæзты бонæй фæстæмæ РХИ тыххæй дунейы сæвзæра бæрæг хъуыды æмæ ацы куыст кæнæм дарддæр дæр, цæмæй рæза нæ паддзаахады æттагон политикон имидж. Уый сæраппонд кусын хъæуы, канд æттагонполитикон уагдоны нæ, фæлæ ма нæ паддзахады мидæг чи кусынц, уыцы уагдæтты дæр æмæ æмткæй паддзахады иууылдæр. Уый у уыцы хицауады æххæсткæнынадон органты ахсджиаг куыст, ома нæм алы къабазы дæр хъуамæ цæуа ахæм процесстæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны рæзтмæ цымыдис кæной канд нæхæд нæ, фæлæ ма æндæр бæстæты минæвæрттæ дæр.
Гæззаты Еленæ, РХИ паддзахадон телерадиокомпании «ИР»: Италийæгтæн цахæм конкретон проекттæ бауаит сæ бон сæххæст кæнын Хуссар Ирыстоны?
Санахъоты Давид, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæг: Махæн фембæлдтытæ уыдис æндæр æмæ æндæр амалиуæггæнджытимæ, хъæууон хæдзарадæй райдайгæйæ, сæудæджерадон кондадты онг. Мах ма уыдыстæм цалдæр куыстуаты, кæцытæ кусынц агротуризмыл æмæ сæ куыст кæны хуыздæрæй хуыздæр провинц Ольястрайы дæр. Мах дзы цы федтам, уыдонæй бирæ цæмæндæрты æххæстгæнæн ис махмæ, Хуссар Ирыстоны дæр. Фæхуыдтой нæ цыхтахсæн æмæ оливæйы зетиаразæн заводтæм, фенын ма нын кодтой Сардинийы сакъадахы хæлцады продукттæ куыд уарзынц, уый дæр, кæцытæ экспортмæ æрвыст цæуынц фæсарантæм дæр. Ома ис ахæм цæвиттонтæ, кæцытæ дзурæг сты, бирæ цыдæр гæнæнтæн æххæстгæнæн кæй ис. Сæхи ´рдыгæй фарс æндæр æмæ æндæр ифтонггæрзтæ уадзджытæ дæр цæттæ сты сæ технологитæй, сæ ифтонггæрзтæй нын баххуыс кæнынмæ. Уыдон та сты хъæдкуыстгæнæн, дуркуыстгæнæн æмæ æндæр кондадты. Уыцы хъуыддаджы италийаг технологтæ сты иттæг размæдзыд.
Цхуырбаты Тимур, газет «21 Seculare»: Нæ дипломати æрмæст Италийы цæмæн у ахæм активон?
Санахъоты Давид, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæг: Активондзинад нын канд Италийы дипломатийы нæй, фæлæ ма йæ куыд загътон, афтæмæй кусæм бирæ фæдæздæхтытыл, фæлæ дзæвгар ныхмæдзыдтыл æмбæлæм Гуырдзыстоны дипломатии æмæ сæ фарс хæсджыты ´рдыгæй. Цæмæй нæ ахастытæ дарддæр дæр рæзын кæнæм æндæр бæстæтимæ, уый тыххæй архайæм арæхстджынæй. Æндæр уал мæ бон зæгъын ницы у.
Бузныг уæ хъусдарды тыххæй. Æмбæлдзыстæм дарддæр дæр.