Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Женевæйы дискусситы 26-æм раунды тыххæй
2013 азы 17-18 декабры Женевæйы уагъд цыдис Фæскавказы æдасдзинады æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы радон раунд. Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ-ы минæвæрттæ, афтæ ма ЕЦ, ИНО æмæ ЕÆÆО-йы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис Фæсконфликтон æрбæстон кæныны фарстыты фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К.
Куыст цыдис дыууæ кусæгон къорды. Æдасдзинады къорды банысан æрцыдис, фæстаг рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы æмæ Гуырдзыстоны арæнтыл, кæй уыд, абаргæйæ, стабилон ситуаци, ома дзы бынат нæ уыдис серьезон инциденттæн. Цæвиттонæн, æрхæсгæ статистикæ куыд фенын кодта, афтæмæй, бынæтты арæнхалыны цауты нымæц дзæвгарбæрцæй фæкъаддæр. Уыцыиу рæстæджы нысан æрцыдис гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй провокацион архайдтыты фæдыздæхты информацион æндыгъддзинад сытынг кæнынæй, арæнгæрон цæрджыты интерестæй спекуляци, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хахх кæуылты цæуы, уыцы бынат банысан кæныны тыххæй цы куыстытæ цæуынц, уый фæдыл. Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ та Гуырдзыстонæн ногæй йæ зæрдыл æрлæууын кодтой сæ фæндоны тыххæй, цæмæй иумæ `рæвналой арæны делимитацийы куыстмæ.
Женевæйы дискусситы хайадисджытæ банысан кодтой инциндентты иуварс кæнын æмæ сыл реакци кæныны иумиаг механизмты архайды позитивон нысаниуæг, кæцытæ æрвылмæй дæр уагъд фæцæуынц хуссарирыстойнаг-гуырдзыстойнаг арæны районы.
Дискусситы бындурон бынат бацахста тыхæй ма спайда кæныны фарстыл уынаффæ кæнын æмæ уый та у мандатмæ гæсгæ дискусситы сæйраг хæс. Гуырдзыстоны делегаци та радон хатт дæр цæттæ нæ уыдис тыхæй ма спайда кæныны фæдыл принципты фарс хæцгæйæ, тексты тыххæй бадзурыны фæдыл хуссарирыстойнаг делегаци фæндон бахаста, цæмæй дискусситы хайадисджытæ дзыхæй зæгъыны формæйы уæддæр зæгъой тыхæй ма спайда кæныны тыххæй сæ фæндон. Гуырдзиаг делегаци цæттæ нæ разындис, æгæрстæмæй, ахæм хъусинагмæ дæр.
Куыд æдасдзинад æмæ гуманитарон ситуацийы иу хай, афтæ бауынаффæ чындæуыдис æбæрæгæй чи фесæфтысты æмæ сæ агурынмæ баст чи сты, уыцы фарстатыл. Уый тыххæй дыккаг кусæгон къорды Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ равдыстой видеоæрмæг Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон тыххæй. Уыдонæй иуæй-иутæ сты Гуырдзыстоны тыхон структурæты къухты. Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ та ногæй загътой гуырдзиаг фарсæн, цæмæй дыууæ ‘рдыгæй фарсæй дæр ахстытæ ивд æмæ сæрибар æрцæуой, кæм сты ахст, уыцы бынæттæй. Кæрæдзийæн ма сæ хъуыдытæ загътой къорд æндæр гуманитарон фарстаты фæдыл дæр.
Куыст фæуыны фæстæ дыууæ кусæгон къордæн уыдис раунды тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъыны фадат сæ иумиаг рабадты.
Радон фембæлд нысан цæуы 2014 азы марты.
Женевæ, 2013 азы 19 декабрь