Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уынаффæ дипломаттæн зын уавæртæ цы бæстæты ис, уыдон нымæцæй Хуссар Ирыстоны сисыны тыххæй ноджыдæр иу хатт бæлвырд кæны уый æмæ ситуаци Хуссар Ирыстоны стабилон æмæ æдас кæй у, куыд Республикæйы æмбæстæгтæн, афтæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæн дæр.
Республикæйы стабилондзинад æмæ æдасдзинад ифтонг кæй цæуы, уымæ стыр хайбавæрд хæссы, Хуссар Ирыстоны чи ис, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æфсæддон контингент, кæцы йæ мисси æххæст кæны æмбæлон дывæрсыг бадзырдты бындурыл. Уый махæн у сабыр царды гарант, кæд Гуырдзыстон, раздæрау, ныр дæр йæ къух нæ фыссы Хуссар Ирыстонимæ кæй не ‘рбабырсдзæнис, уыцы юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл, уæддæр.
Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ацы уынаффæ у цæвиттойнаг æмæ хорзæрдæм бандавдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны имиджыл.
Цхинвал, 2013 азы 4 декабрь