Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. интервью газет «Южная Осетия»-йæн

- Вильнюсы саммит «Восточное партнерство»-йы цыдирæстæджы Гуырдзыстон рагацау йæ къух æрфыста дунеон бадзырдыл ЕЦ ассоциацийы тыххæй æмæ йыл кæройнаг фыст æркæнын та плангонд цæуы фидæнмæ азы, фæлæ ныридæгæн хъусын кæнынц экономикон æгъдауæй Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны иумиаг проектмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы баласыны тыххæй. Уымæй дарддæр ма дунеон организациты минæвæртты, афтæ ма хицæн ангажиргонд уæрæсейаг эксперттæ фæстаг афæдз æмæ æрдæджы дæргъы, уæлдайдæр та Гуырдзыстоны хицауадмæ « Грузинская мечта» куы ‘рцыдис, уæд арæхæй-арæхдæр хъуысынц ахæм хъусынгæнинæгтæ, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн уынаффæ хъæуы деполитизаци кæнын, ахастытæ æндидзын кæнын хъæуы экономикон æмæ гуманитарон сферæтæй. Хуссар Ирыстон куыд фæнд кæны йе ‘ттагон политикæ аразынмæ ацы фактортæ хынцгæйæ, æмæ куыд йæ хъавд у, Гуырдзыстон æй алыгъуызон экономикон æмæ гуманитарон проекттæм кæй ласы, уый тыххæй йын цахæм реакци уыдзæнис?

- Мах бынтондæр никуы дызæрдыг кодтам Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ ахасты кæй фæивдзæнис йæ стратегион здæхт æмæ нысæнттæ, ууыл. Ам уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, пайда кæнынц Хуссар Ирыстон сæхирдыгæй фæкæнынæн сын цыдæриддæр феххуыс уа, уыцы алыгъуызон мадзæлттæй.

Гуырдзыстоны хицауад бафæлвæрдта хæстон амалæй йæ нысан йæ къухты бафтын кæныныл, фæлæ сын дзы ницы рауадис æмæ пайда кæнын райдыдтой æндæр методтæй. Абон дæр ма Гуырдзыстон уадзы, гуырдзыйы æппæт иннæ лидертæ цы загътой, ома рахицæн уой Уæрæсейæ æмæ баиу уой ныгуылæнмæ. Уый сын уыдис æмæ у планон процесс. Ныр та архайынц, цæмæй Уæрæсеимæ исты хуызты æрбæстон кæной сæ ахастытæ, фæлæ уæддæр европæйаг структуратæм бацæуынмæ нæ уадзынц сæ тырнындзинад, уый нæ, фæлæ исы æндæр, гъæдджындæр формæтæ. Евроцæдисимæ ассоциацийы тыххæй сразыдзинад растдæр ахæм къахдзæфтæй сæ иу у.

Дзырд Хуссар Ирыстоныл куы цæуа, уæд мах цахæмфæнды архайдтытæ дæр ма аразæм не ‘ттагон политикæйы, уæддæр, фыццаджыдæр, здæхт уыдзысты нæ бæстæйы интерестæ хъахъхъæнынмæ. Æмæ Республикæйы интерестæ та сты уый мидæг, цæмæй æдасдзинады цæстæнгасæй фидар кæной РХИ æдасдзинад, куыд физикон, афтæ экономикон æдасдзинад дæр.

Афтæ ма куыст цæуы æппæт здæхтыты дæр нæ Республикæйы хæдбардзинад нымад цæмæй æрцæуа, ууыл дæр. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, рог фæндаг нæу æмæ йылхъæуы уæхскуæзæй кусын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, бафæлвæрдта ахæм фæндæгтæ ссарынмæ, кæцыты фæрцы къухты бафтой эффективон фæстиуджытæ нæ суверенитет уæрæхæй банымайыны сæрæппонд, куыд хæдбар экономикон æмæ политикон бæстæ, афтæ. Нæ хæдбардзинад уал нын банымадтой Уæрæсе æмæ æндæр бæстæтæ – Никарагуа, Венесуэла, Науру, Абхаз, Тувалу. Хуссар Ирыстон у, ныр 20 азы чи уæвынад кæны, ахæм паддзахад. Æмæ хæцдзыстæм æрмæстдæр ацы позицийыл цахæмфæнды фарсты дæр бæрæг æууæлтæ райсыны фæстæ. Уынаффæ кæнын хъæуы комкоммæдæр РХИ къухдариуæгадимæ. Уыдон рагæй сты зындгонд æмæ нысангонд сты Женевæйы дунеон дискусситы пункттæй сæ иуы – Гуырдзыстон гаранти хъуамæ радта, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонмæ кæй нæ бабырсдзæн, уый тыххæй цивилизацигонд бæстæты куыд вæййы, афтæ йæ къух хъуамæ ‘рфысса, уый тыххæй. Гуырдзыстон абоны бонмæ уымæ цæттæ нæу æмæ æппæт хуызты дæр фæлвары ацы фарст аскъуыдзаг кæнынæй иннæрдæм ахизыныл, фæлæ нæ дипломаттæ планон уагыл архайдзысты, цæмæй Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн уа гарантии Гуырдзыстоны ‘рдыгæй. Гаранти райсыны фæстæ гæнæн уыдзæнис нормалон æхсæнпаддзахадон ахастытæ саразынæн дæр æмæ цахæмдæр экономикон проекттыл уынаффæ кæнынæн дæр. Гуырдзыстоны ныртæккæ фæлварынц оккупацион территоритæ тыххæй закъон фендæргъуызон кæныныл, фæрогдæр ын кæной йæ иуæй-иу формулировкæтæ, фæлæ йæ хъуыды баззайдзæнис, раздæр куыд уыдис, афтæ. Уый махæн къух нæ дæтты æмæ уый фæдыл Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы хайадисæг дунеон организациты минæвæрттæн бирæ хаттыты хъусын кодтой.

Гуырдзыстоны хицауад цы къахдзæфтæ аразынц, уыдонæй куыд æнхъæлынц, афтæмæй сæ уырны, зæгъгæ, не ‘хсæн сырæздзысты хорз ахастытæ, фæлæ мах хорз æмбарæм, уымæй Гуырдзыстоны стратегион план кæй нæ ивы, уый координалонæй хицæн кæны Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадмæ тырнындзинадæй. Уымæ гæсгæ æппæт ацы инициативæтæ кæрæдзийыл æмбæлынц æмæ æвдисынц, бынат дзы кæй нæй искæцы æмархайдæн. Мах тырнæм, цæмæй ситуаци бакæнæм цивилизацигонд æхсæнпаддзахадон диалогмæ. Фæлæ ахæм диалог Гуырдзыстоны нæ фæнды. Афтæмæй æппæт иннæ фæндæттæ дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр сты æнæраны митæ.

Хуссар Ирыстоны адæм сбæлвырд кодтой сæ рæзты вектор референдумтæй, загътой, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон хъуамæ уа хæдбар суверенон паддзахад. Уæрæсейы Федерацийы президент, премьер-министр æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр сæ позици бирæ хæттыты банысан кодтой. Йæ хъуыды та ис уый мидæг æмæ Уæрæсе кæй хæцдзæнис Хуссар Ирыстоны рæзт æмæ фидар кæныны суверенитеты, Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады фарс, кæй ахъаз кæндзæнис Республикæйы æмбæстæгты царды уавæртæ хуыздæр кæнынæн. Уый махæн иттæг ахсджиаг у. Абоны бонмæ кæд ныгуылæйнаг бæстæтæ, Гуырдзыстон, Иугонд Штаттæ иннæрдæм архайынц, уæддæр УФ æхсæнпаддзахадон ахастытæ, æхсæнведомствойон контакттæ цæуынц иттæг лæгъз, дарддæр æппæт нысаниуæгджын сферæты дæр арæзт цæуынц сразыдзинæдтæ.

Йæ рæстæджы бирæты нæ уырныдта, Хуссар Ирыстон нымад кæй æрцæудзæнис, уый, фæлæ арæх политикон конъюнктурæ афтæ рауайы æмæ дзы цы процесстæ фæцæуынц, уыдон æппæт эксперты дæр сæ хъуыдыимæ иумæ сæ бынаты æрбадын кæнынц. Мах, искæй цы у, уый нæ исæм, фæлæ хъахъхъæнæм, йæхи цы у, уый æмæ рæстдзинад дæр æмæ тых дæр не ‘рдыгæй уымæн ис. Æмæ нын уыцы тых дæдты размæцæуыны фадат. Æмæ Хуссар Ирыстоны чи нæ зоны, уыдонæй иуæй-иуты ныхæстæ не ‘ндавынц Хуссар Ирыстонæн нæдæр йæ æттагон æмæ нæдæр йæ мидæггагон политикæйыл.

- Цахæм сты Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Приднестровьейы ахастыты рæpns перспективæтæ, уæлдæр æмвæзадыл сын сæ сæрмагонд контакттæ куы нымайæм, уæд?

- Мах дарддæр дæр æфсымæрон паддзахадтæ – Абхаз æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæимæ рæзын кæнæм нæ ахастытæ, арæх нын фембæлдтытæ вæййы уæлдæр æмвæзадыл. Ацы аз уыдис Приднестровьейы президенты визит Хуссар Ирыстонмæ, афтæ ма нæ президент дæр визиты уыдис Абхазы æмæ хайад райста Абхазы уæлахизы бæрæгбоны. Регулярон фембæлдтытæ уагъд æрцæуынц æхсæнведомствойон форматы дæр. Уыймæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадтæн бахæсгонд æрцыдис, цæмæй ахъуыды кæной æмæ сæ фæндæттæ бахæссой нæ бæстæты ‘хсæн хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады фæлгæтты сразыдзинæдтæм. Уыдон та, цæмæй æмахастытæ ног æмвæзадмæ рацыдаиккам, уый сæраппонд арæзт æрцыдысты суанг 90-æм азты. Перспективæ, сæйраджыдæр, ис экономикæ æмæ культурæйы къабæзты, уыцы къабæзты ахастыты рæзты, кæцыты нæ паддзахадтæ сты тыхджын æмæ кæцыты нæ бон бауыдзæнис кæрæдзийы фарсмæ балæууын. Уымæ гæсгæ æртæ республикæйы ‘хсæн ахастытæ рæздзысты æмæ кæндзысты фидардæр.

- Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кусы Хуссар Ирыстоны дунеон банымады сæраппонд къорд паддзахадтимæ, уыцы нымæцы европæйæгтимæ дæр, куры сæ, цæмæй йæ банымайой. Æмæ кæд скептиктæ дызæрдыг кæнынц æмткæй ахæм бахатыдты æнтыстыл, уæддæр Ды куыд нымайыс, европæйаг здæхты дарддæр дæр хъæуы ахæм архайд æви нæ, æмæ дзы цахæм фæстиуджытæм æнхъæлмæ кæсын?

- Æнæгуырысхойæ, мах хъуамæ рæзын кæнæм нæ æттагонполитикон архайд æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хаты, фылдæр фадæттæ кæмæн ис, йæ уыцы коллегæтæм – Уæрæсейы Федерацимæ, Никарагуамæ æмæ Венесуэламæ йæ фарс цæмæй рахæцой, уый сæраппонд. Мах ацы аспекты уыдонимæ кæнæм æнгом куыст. Итали æмæ Сан-Мариномæ кæй бахатыдыстæм, ууыл куы дзурæм, уæд ацы фæдæздæхты кусдзыстæм дарддæр дæр. Уый хуымæтæг фæндаг, мыййаг, нæу, фæлæ нæ æмбарынц канд Италийы цæрджытæ нæ, фæлæ ма абоны бонмæ хицауады сæргъ чи лæууынц, уыцы политиктæ дæр. Ахастытæ арæзт цæуынц æхсæнпартион контакты фæндагыл дæр. Уыдон цæттæ сты, цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фарст рæвæрой парламенты сæ комитеты æмæ Италийы сенаты раз. Мах ныфс ис нæ хæлæртты æххуысæй æмæ нæ дарддæры ахастыты рæзтæй. Дзырд цæуы канд политикон банымадыл нæ, уымæй дарддæр ма уынаффæ цæуы экономикон, культурон æмкуысткæнынады фарстатыл дæр. Афтæ мæм кæсы æмæ ам дæр ссардзыстæм кæрæдзийы æвзаг. Бирæ фадæттæ ис, кæцытæй махæн нæ бон у æмæ спайда кæнæм Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн æмæ бадзырдтытæ кæимæ кæнæм, уыдон хæрзиуæгæн дæр. Мах нæ ных сарæзтам Чехаг Республикæйы ‘рдæм, кæцыран куыст цæуы, абон хицауады сæргъ чи лæууы, канд уыцы политикон къордтимæ нæ, фæлæ ма бизнес æмæхсæнадимæ, чехаг компанитимæ, кæцытæ цæттæ сты хуссарирыстойнаг фирмæтимæ кусыны хъуыддагыл æруынаффæ кæнынмæ.

Æнæмæнг банысан кæнын хъæуы диаспораты æхсæнадон организациты хаххыл цы куыст цæуы, уый дæр. Ныр æртыккаг аз фæдфæдыл уагъд цæуынц Европæйы Ирыстоны Бонтæ, нæ нывгæнджытæ сæ нывтæ равæрынц европæйаг бæстæты равдыстыты, уадзынц алыгъуызон сфæлдыстадон мадзæлттæ, европæйæгты зонгæ кæнынц Хуссар Ирыстоны аивадимæ. Хуссар Ирыстоны имиджы æвæрццаг рæзты сæрæппонд куыст цæуы æндæр æмæ æндæр фæдæздæхтыты. Мах хъуамæ фенын кæнæм æрмæст нын проблемæтæ кæй нæй, фæлæ ма нын алыгъуызон сферæты бæрæг æнтыстытæ дæр кæй ис, уый.

- Ивгъуыд къуыри фæзындис ахæм информаци, зæгъгæ, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны систа, уæлвæткон уавæры чи сты, уыцы бæстæты скондæй. Ацы уынаффæ Хуссар Ирыстоны раз цахæм перспективæтæ гом кæны?

- Уый ма ноджыдæр дзурæг у ууыл æмæ Хуссар Ирыстон кæй у стабилон паддзахад æмæ кæд Гуырдзыстон йæ политикæмæ гæсгæ нæ разы кæны æдасдзинады гаранти радтыныл æмæ европæйаг структурæты æххуысæй æххæст кæны алыгъуызон архайдтытæ РХИ дискриминаци кæныны сæраппонд, уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ, хъуыддæгтæ цæуынц рæвдз. Уæрæсейы ‘рдыгæй фарс ацы уынаффæ дзурæг у нæ Республикæмæ системон ахаст кæй дары, ууыл.

Ахæм уынаффæтæ ист цæуынц æппæт фактортæ дæр лыстæггай бахынцгæйæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый хорзæрдæм бандавдзæнис нæ имидж æмæ рæзты перспективæтыл, канд политикæйы къабазы нæ, фæлæ æппæт æндæр хъуыддæгты дæр, экономикæ дæр сæм бафтаугæйæ. Ныр дунеон тыгъдады Хуссар Ирыстоны интерестæ размæ кæнын уыдзæнис æнцондæр. Мах иунæг фадат дæр ма хъуамæ ауадзæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны уынын кæнæм æвæрццаг цæстæнгасæй. Хъуыддагмæ, Уæрæсейы ахæм ахаст дзурæг у æвæрццаг процесстæ дзы кæй цæуы.

 

03.01.2014