Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинбамæ йæ Райгуырæн боны цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Дæ профессионализм æмæ адæймаджы миниуджытыл дзургæйæ, фæнды мæ уæлдай тынг бахахх кæнын Абхазы æддагон политикæйы реализацийы хъуыддагмæ, афтæмæй ма ныры зын уавæрты хуссарирыстойнаг-абхазаг политикон æмæ дипломатон ахастытæ сфидар кæнынмæ дæ хайбавæрд.