Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акты райстæй 32 азы рацыды фæдыл

МИД Южной Осетии

32 азы размæ, зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет райста историон документ – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны фæдыл акт. 

Ацы документы райст æнæмæнг уыд хи паддзахад саразынæн, Хуссар Ирыстоны адæмы бартæ бахъахъхъæнынæн. Хæдбардзинады акт здæхт уыд адæмы фервæзын кæнынмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æдзухон геноцидæй. Уæдæй фæстæмæ райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæтварсон райрæзт æмæ размæдзыд. 

Æхсæнадæмон барады цæстæнгасæй 1992 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бонæй Хæдбардзинад расидыны акт абоны бон дæр у æнæаипп. Уæлдæр Совет йæ уынаффæйы æнцой кодта историон факттыл, кæцытæ паддзахаддзинад саразынæн систы барадон бындур. Фæстæдæр йæ бындурыл ист æрцыдысты паддзахадон атрибуттæ, сырæзтысты Хуссар Ирыстоны хицауады æнæмæнгхъæуæг иуæгтæ. 

Хуссарирыстойнаг адæмы бирæазон тох сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд æркодта уымæ, æмæ 2008 азы майрæмты мæйы 26-æм бон Уæрæсейы Федераци банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. 

Цхинвал, 2024 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон

29.05.2024