Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Михаил Галузин Республикæ Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Зæрдæбынæй арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æппæт коллективæн Дипломатон кусæджы боны цытæн!
Министрад абон æнтысджынæй æххæст кæны Республикæйы æхсæнадæмон позицитæ фидар кæныны æмæ йæ фæсарæйнаг бастдзинæдты райрæзты фæдыл ахсджиаг хæстæ.
Уæрæсейы ФХъМ-йы стыр аргъ кæнынц хуссарирыстойнаг дипломатты профессионализм, афтæмæй ма Мæскуы æмæ Цхинвалы ‘хсæн æддагполитикон координацийы фæлгæтты æхсæнуагдонон æмархайдæн. Уый ахъаз у уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмгуыстад æмæ интеграцийы ахастытæ уæрæх кæнынæн, дунеон аренæйы нæ бæстæтæн актуалон хæстæ скъуыддзаг кæнынæн, регионы сабырад æмæ стабилондзинадæн.
Мæ зæрдæ зæгъы дæуæн дæр, Æхсар Мураты фырт, æмæ Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы æппæт кусджытæн дæр фидар æнæниздзинад, амонд æмæ ног æнтыстытæ Республикæйы æддагполитикон интерестæ размæ кæныны хъуыддаджы».