Зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд РЦИ-Аланийы Националон политикæ æмæ æддаг бастдзинæдты министрады Религиозон организацитæ æмæ экстремизмы профилактикæйы фæдыл хайады Сæрдар Цæллæгаты Артур æмæ æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы Сæрдары хæдивæг Зæгъойты Вячеславимæ, кæдон æрцыдысты Цхинвалмæ Зары трагедийæ 32 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæм.
Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта уазджытæн æмæ банысан кодта, се ‘рцыд уæлдай хатт дзурæг кæй у дыууæ Республикæйы адæмы иудзинадыл.
Нысангод æрцыд, Зары трагеди кæй у æппæт ирон адæмы иумæйаг рис, æгъатыр æмæ æбуалгъ фыдракæнд, кæцыйæн ферох гæнæн нæй.
Афтæмæй ма æрдзырдæуыд Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссары ‘хсæн интеграцион процессты дарддæры размæдзыды ахсджиагдзинадыл, кæцытæ æнæмæнг сты ирон æвзаг, æгъдæуттæ æмæ культурæ бахъахъхъæнынæн, национ иудзинад сфидар кæнынæн.
Фембæлд ацыд хæларадон уавæры.
Зары трагедийы бынаты ацыд фыдохы митинг, кæцыйы рæстæджы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы минæвæрттæ Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй сæвæрдтой венок «Хъынцъымгæнаг мад»-ы мемориалмæ.
Цхинвал, 2024 азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм бон