Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевы арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Йæ сырæзты бонæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдон æнтысджынæй хъахъхъæны республикæйы интерестæ дунеон аренæйы, æппæтварсонæй ахъаз у бæстæйы хæдбардзинады дарддæры фидаркæнынадæн. Йæ куысты азты дæргъы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн бантыст саразын бæстæйы суверенитет æмæ йæ адæмы бартæ бахъахъхъæныны фæдыл фæстиуæгджын стратеги, социалон-экономикон размæдзыдæн аккаг уавæртæ. 

Ныфс дарæм, æмæ хæларады бирæазон традицитыл бындуриуæг кæнгæйæ, Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровье дарддæр дæр фидар кæндзысты дывæрсон æмгуыстад.

Ацы ахсджиаг бæрæгбоны мæ зæрдæ зæгъы дæуæн æмæ æппæт хуссарирыстойнаг дипломаттæн сабырдзинад, фæрныгад, стабилондзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ!»

 

28.05.2024