Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады арфæйы фыстæг Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Сырæзты боны цытæн

Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны министрады Сырæзты боны цытæн. 

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ сырæзты бонæй фæстæмæ æнтысджынæй æххæст кæны бæстæйы æддагполитикон курс. Зын æхсæнадæмон уавæры хуссарирыстойнаг дипломаттæ уæзгæ хайбавæрд хæссынц паддзахадон интерестæ размæ кæныны, сæ Фыдыбæстæйы æхсæнадæмон бастдзинæдтæ уæрæх кæныны хъуыддагмæ. 

Ныфс дарæм, Республикæ Абхазы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн æнтысджын æмгуыстад дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзæн нæ паддзахадты ‘хсæн ахастытæ, се ‘хсæнадæмон авторитет фидар кæнынæн».

28.05.2024