Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы арфæ Дипломатон кусæджы боны фæдыл

А.Э. Гаглоев

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы боны цытæн!

Æддагон политикæ у суверенон æмæ хæдбар паддзахады ахсджиаг иуæг. Зын æмæ ивгæ геополитикон уавæры уæлдай ахадгæ у дунеон аренæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад бахъахъхъæныны фадыджы дипломатон куыст. 

Дипломатон ахастыты размæдзыд æмæ æндæр паддзахадтимæ хорз ахастытæ дарыны хъуыддаджы уе ‘нæрлæугæ куыст ахъаз у не ‘мбæстæгты сабыр цард æмæ фæрныгадæн, æмæ уæ бæрзонд профессионализм, уæ хъуыддагыл æнувыддзинад та уæзгæ хайбавæрд хæссы дунеон æмæхсæнады Республикæ Хуссар Ирыстоны позицитæ сфидар кæнынмæ. 

Ныфс дарын, дарддæр дæр кæй кусдзыстут нæ фæсарæйнаг партнертимæ æмгуыстад уæрæх кæныныл.

Ацы ахсджиаг бæрæгбоны уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад! Уадз æмæ уæ куыстæн дарддæр дæр уа хорз фæстиуджытæ!

Арфæ уын кæнын!

https://presidentruo.org/pozdravlenie-s-dnem-diplomaticheskogo-rabotnika-5/

28.05.2024