Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовы арфæйы фыстæг Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн

А.М. Джиоев и М.М. Кулахметов

Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсарæн Хуссар Ирыстоны Дипломатон кусæджы боны цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1992 азы РХИ-йы Æддагон бастдзинæдты министрад куы сфидар, уæдæй фæстæмæ уæхскуæзæй хъахъхъæдта æвзонг республикæйы суверенон интерестæ. Ацæугæ азты зын уавæрты РХИ-йы ФХъМ æнтысджынæй æххæст кодта национ æддагон политикæйы хæстæ, æхсæнадæмон аренæйы республикæйы позицитæ æмæ авторитет фидар кодта.

Абоны бон хуссарирыстойнаг дипломаттæ махимæ иумæ архайынц æхсæнадæмон проблемæты раст скъуыддзаг кæныныл, стабилондзинад хъахъхъæныныл. Ныры æхæнадæмон ахастыты зын рæстæджы, «коллективон Ныгуылæны» æрдыгæй Уæрæсейыл æндæвдады уавæрты мах Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йæ уынæм æдзухон æххуыс.

Нæ бæстæты æддагполитикон уагдæттæн бантыст цыбыр æмгъуыдмæ нæ ахастытæ ракæнын хæларадон æмвæзадмæ, стыр куыст бакæнын æхсæнпаддзахадон политикон диалог æрбæстон кæныны хъуыддаджы, саразын дывæрсон бадзырдон-барадон бындур. Ныфс дарын, РХИ-йы ФХъМ æмæ Цхинвалы уæвæг Уæрæсейы Минæварады ‘хсæн конструктивон æмæ æнгом æмархайд дарддæр дæр кæй цæудзæн. 

Мæ зæрдæ уын зæгъы, цытджын Æхсар Мураты фырт, дæуæн дæр æмæ Хуссар Ирыстоны дипломатон службæйы кусджытæн дæр амонд, æнæниздзинад, ног æнтыстытæ бæрнон профессионалон куысты æфсымæрон Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн!»

28.05.2024