Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари гуырдзиаг премьер-министр Кобахидзейы раныхасы фæдыл

МИД Южной Осетии

Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыйы цы радон ныхас æрцыд загъд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмимæ иу фидæнмæ тырнындзинады фæдыл, уымæ. Ацы хатт та хæдбардзинады бонмæ йæ раныхасы гуырдзиаг премьер-министр Кобахидзе раргом кодта «2030 азмæ ирон æмæ абхазаг æфсымæртæ æмæ хотимæ иугонд æмæ тыхджын Гуырдзыстоны» цæрыны фæдыл «гуырдзиаг фæнд». 

Радон хатт та хъæуы æрмынæг кæнын Кобахидзе æмæ иннæ «фæндтæ нывæндджыты» бæллиццон ахаст æмæ сæ æрыздахын æцæгадмæ, кæцыйы ис арф мидгуырдзыстонон кризис æмæ уый фæдыл ацы азы кæфты мæймæ снысангонд парламентон æвзæрстытæ. Æппæт уыдæттæ сты ахсджиаг фактортæ. Гуырдзыстоны хицауадæн йæ бон сæ сæрты ахизын кæй нæу, уый канд стыр фарста не ‘взæрын кæны Кобахидзейы «европæйаг бæллицц» сæххæст кæныны æмгъуыдмæ, фæлæ ма тæссаг у регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинадæн. 

Афтæ хуыйнæг Гуырдзыстоны скондмæ бахизыны фæдыл алыхуызон ныхæстæ нымайæм бынтон æнæхъæугæйыл. Республикæ Хуссар Ирыстон у паддзахад, кæцы йæ хæдбардзинад бахъахъхъæдта гуырдзыстоны фашизмимæ бирæазон тугкалæн тохы, кæцы стыр аргъæй райста йæ сæрибардзинад. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм равзæрстой сабырдзинад æмæ æдасдзинады иунæг гарант – Уæрæсейы Федерациимæ хæларадон ахастытæ æмæ интеграцион бастдзинæдтæ фидар кæнын, суверенон паддзахад аразыны фæндаг, æмæ уымæн фæивæн нæй. 

Цхинвал, 2024 азы зæрдæвæрæны мæйы 26-æм бон

26.05.2024