Мæсæллæйы нотæ Уæрæсейы уæвæг Пысылмон Республикæ Ираны Минæварадмæ Ираны Президент Эбрахим Раисийы амæлæты охыл

Исламская Республика Иран

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Ираны Президент Эбрахим Раисийы амæлæты охыл арвыста мæсæллæйы нотæ Уæрæсейы уæвæг Пысылмон Республикæ Ираны Минæварадмæ.

Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъыгзæрдæйæ мæсæллæй кæны 2024 азы зæрдæвæрæны мæйы 19-æм боны вертолеты æрхауды цауы охыл, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты Пысылмон Республикæ Ираны Президент Сейед Эбрахим Раиси, Ираны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Хосейн Амир Абдоллахиан æмæ æндæр паддзахадон архайджытæ. 

Пысылмон Республикæйы æцæг патриотты, сæ бæстæйы интерестæ фидарæй хъахъхъæнджыты æнæрæстæджы трагикон ацыды цау банкъуыста канд Ираны адæмы нæ, фæлæ æгас дунеон æмæхсæнады дæр. Ныфс нæ ис, æмæ Пысылмон Республикæ Ираны æмбæстæгтæ фидарæй ахиздзысты ацы фыдæвзарæны сæрты».

20.05.2024