Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Æхсæнадæмон хъуыддæгты комитеты Сæрдар Григорий Карасинмæ Райгуырæн боны цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Де стыр профессионализм æмæ хисæрмагонд миниуджытæ нысан кæнгæйæ, фæнды мæ уæлдай тынг бахахх кæнын Уæрæсейы интерестæ хъахъхъæнын, уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг политикон æмæ дипломатон ахастыты размæдзыды хъуыддагмæ дæ хайбавæрд.