2024 азы хуымгæнæны мæйы 4-5 бонты Женевæйы ацыд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы 60-æм раунд. Дискусситæ цæуынц Медведев æмæ Саркозийы 2008 азы майрæмты мæйы 12-æм æмæ рухæны мæйы 8-æм бонты бадзырдадтæм гæсгæ. Дискусситы райстой хайад Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхазы, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, Америкæйы Иугонд Штатты делегацитæ, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы, Иугонд Нациты Организацийы, Европæйы Æдасдзинад æмæ æмгуыстады фæдыл организацийы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд Президенты Паддзахадон Уынаффæгæнæг Коцты Константин.
Фембæлды хайадисджытæ сбæрæг кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæн куыд стабилон, фæлæ рæстæгæй-рæстæгмæ æндыгъд.
Хуссарирыстойнаг делегаци хъус æрдардта хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг паддзахадон арæны хаххыл куыст адарддæр кæнынмæ æмæ ацы хаххыл инженерон бæстыхæйтты сарæзтмæ. Афтæмæй ма ногæй æрсидт гуырдзиаг фарсмæ, цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумæйаг куысты райдыдмæ.
Дискусситы хайадисджытæ æндæр æмæ æндæр хъуыды равдыстой тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документмæ, фæлæ хуссарирыстойнаг фарс æрсидт ацы здæхты куыст дарддæр кæнынмæ.
Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ тыхсынц Гуырдзыстоны территорийыл НАТО-йы уæвынад кæй рæзы, Цæгататлантикон хæстон альянсмæ Гуырдзыстоны интеграцийы фæдыл мадзæлттæ кæй сарæх сты, ууыл.
Ныхасы рæстæджы хуссарирыстойнаг фарс банысан кодта Инциденттæ аиуварс кæныны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы ахсджиагдзинад стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы.
Бæстонæй æрдзырдæуыд гуманитарон фарстатыл дæр, цыран сæйраг хъусдард аздæхтæуыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæтмæ. Нысангонд æрцыд, ацы фарсты аскъуыддзаг æвæрццагæй кæй бандавдзæн Женевæйы дискусситы цыдыл.
Гуырдзыстон кæй халы ирæтты – Хъазыбеджы районы (Тырсыгом) цæрджыты бартæ, кæдонæн цалдæр азы дæргъы сæ бон нæу сæ райгуырæн уæзæгмæ бахауын, уый тыххæй та ногæй æрцыд загъд.
Хуссарирыстойнаг хайадисджытæ та ногæй сæвæрдтой фарст, цæмæй Гуырдзыстон раздаха Ирыстонæн уникалон византиаг иконæ-триптих, кæцы æрцыд давд Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ музейæ.
Хъуыдытæ загъдæуыд æндæр гуманитарон фарстыты фæдыл дæр.
Лигъдæтты проблемæйы фæдыл ацы раунды дискусси нæ ацыд. Лигъдæтты темæйыл ныхас сног кæныны фадат уыдзæн æрмæстдæр уæд, кæд æмæ Гуырдзыстон æрлæууын кæна ацы проблемæйы аразгæ политизаци.
Дискусситы радон раунд нысангонд æрцыд 2024 азы хурхæтæны мæймæ.
2023 азы хуымгæнæны мæйы 6-æм бон