Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæcарæйнаг хъуыддæгты Министр Виталий Игнатьевы арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы боны цытæн

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Конституцийы боны фæдыл Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæcарæйнаг хъуыддæгты Министр Виталий Игнатьев рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ.  

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«2001 азы æппæтадæмон референдумыл ист Сæйраг закъон бындур æрæвæрдта рæстдзинад æмæ сæрибардзинады принциптыл демократон паддзахады арæзтадæн. Ацы фæндаг цæлхдуртимæ уыд, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ, хуссарирыстойнаг адæм æрбангом сты æмæ хъæддыхæй рахызтысты зындзинæдты сæрты. Абон суверенон паддзахад цæры сабырады, размæ кæны йæ экономикæ, æмбæстæгты бартæ æмæ бæстæйы традицитæ хъахъхъæны. 

Приднестровье æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы бирæ азты дæргъы иу кæны фидар хæлардзинад. Ныфс мæ ис, æмæ дывæрсон æмгуыстад дарддæр дæр кæй рæздзæнис».  

 

08.04.2024