Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хицæн хæслæвæрдты фæдыл Минæвар Мирошник Родионы фембæлды фæдыл

Встреча А.М. Джиоева и Р.В. Мирошника

Хуымгæнæны мæйы 6-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Хицæн хæслæвæрдты фæдыл Минæвар Мирошник Родионы фембæлд.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Украинæйы цаутыл – Евромайдан æмæ йæ геополитикон фæстиуджытыл. Нысангонд æрцыд Киевы режимы фыдракæндтæ рæгъмæ хæссыны фæдыл куысты, афтæмæй ма дывæрсон фæткы актуалон фарстыты фæдыл æмархайд фидар кæныны ахсджиагдзинад.

Фембæлды ма хайад райстой Россотрудничествойы минæварады Сæрдар Хуссар Ирыстоны Сергей Комиссаров æмæ Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы Хайады Сæрдар Санахъоты Алексей.

Цхинвал, 2024 азы хуымгæнæны мæйы 6-æм бон

06.04.2024