Нæ хъус æрдардтам Адæймаджы барты фæдыл Европæйы тæрхондоны Гуырдзыстоны искы тыххæй уынаффæмæ, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæлд цæуынц адæймаджы бартæ.
Хъыгагæн, æхсæнадæмон барад ссис политикон манипуляцийы объект. Æхсæнадæмон тæрхондоны кæй ис уый гæнæн, æмæ æркæсой искмæ «Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ», уый дæр ныридæгæн у фыдракæнд, уымæн æмæ йæ бындуры ис развæлгъау æнахъинон сайд.
Хуссар Ирыстоны адæмы геноцид, мингай цæрджыты куынæг, уæрæсейаг хæстонтæ-фидауынгæнджыты ‘рдæм агресси, 2008 азы майрæмты мæйы Хуссар Ирыстоны цæрджытæй мæлæты тас кæмæн уыд, уыдоны мингай тæрхонон исктæ ист не ‘рцыдысты, æмæ æппæт уыдæттыл цæмæндæр нæ ацыд æхсæнадæмон фæдæвзарæн куыст. Æцæг фыдгæнджытыл стæрхон кæныны бæсты, Страсбурджы тæрхондон райста Гуырдзыстоны иск, æмæ уымæй банымадта, Гуырдзыстон æмбæлгæ фыдракæндтæ кæй не скодта 2008 азы майрæмты мæйы Хуссар Ирыстонæй хъастгæнджытæн.
Рæстдзинад бынтондæр æвдыст кæй нæ цæуы, уый нæ уыдзæн регионы сабырад æмæ æхсæнадæмон тæрхондæттыл æууæндынæн ахъаз.
Гуырдзыстон абоны бон дæр нæ нымайы йæхи аххосджыныл 2008 азы майрæмты мæйы Хуссар Ирыстонмæ æрбабырсты хъуыддаджы, кæд æмæ Хайди Тальявинийы сæргълæудæй Евроцæдисы æхсæнадæмон къамисы хатдзæгтæм гæсгæ бæстонæй æрцыд загъд, чи æрбабырста фыццаг.
Республикæ Хуссар Ирыстон «Гуырдзыстоны хай æмæ ныр та Уæрæсейы юрисдикцийы бын территори» нæу, фæлæ хæдбар барадон паддзахад, кæцы арæзт æрцыд адæмы фæндонмæ гæсгæ æхсæнадæмон барады æппæт принциптæ æмæ нормæтæ хынцгæйæ.
Нымайæм, цæуылдæрты цæст æхгæныны, барыны æмæ дывæрсон стандартты политикæйæн уæвæн кæй нæй. Сидæм Европæйы тæрхондонмæ, цæмæй факттæ зыгъуыммæ кæныны бæсты биндуриуæг кæна æхсæнадæмон барады ныффидаргонд принциптæ æмæ нормæтыл.
Цхинвал, 2024 азы хуымгæнæны мæйы 9-æм бон