Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста мæсæллæйы нотæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æмбæстæгты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдадмæ.
Сæрмагондæй, нотæйы дзырдæуы:
«Хуссар Ирыстоны стыр хъыгзæрдæимæ райстой Израилы гæрзифтонг тыхты Дамаскы уæвæг Ираны Консулады атакæ, кæцыйы фæстиуæгæн фæхъуыдысты консулон уагдоны кусджытæ, Сирийы æмбæстæгтæ.
Дипломатон æмæ консулон ахастыты фæдыл конвенцитæм гæсгæ сæ æдасдзинад цы бæстыхæйттæн цæуы хъахъхъæд, афтæмæй ма дипломатон минæварадты кусджыты ‘рдæм нæй тыхæй пайда кæныны бар.
Цытджын Министр, æппæт зæрдæйæ мæсæллæй кæнын æрцæугæ цауы охыл».