Хуымгæнæны мæйы 8-æм боны Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Конституцийы бон. 2001 азы хуымгæнæны мæйы 8-æм боны референдумы ист æрцыд бæстæйы сæйраг документ.
Сæйраг закъон сфидар гæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ равзæрстой суверенон паддзахад аразыны, паддзахаддзинад размæдзыды æмæ райрæзты фæндаг.
Паддзахаддзинады ахсджиаг иуæг æмæ Республикæйы барадон æмæ политикон системæйы бындур уæвгæйæ, Хуссар Ирыстоны Конституцийы сæмбырд сты æппæтнацион хæзнатæ, уымæй дарддæр ма у бæстæйы размæдзыдæн раст фæндаг æвдисæг.
Конституцийы райст алы æмбæстагæн дæр ратта аккаг цард æмæ сæрибар райрæзт, ахъаз уыд хуссарирыстойнаг паддзахаддзинад æмæ йæ политикон стабилондзинад фидар кæнынæн.
Рацæугæ 23 азы равдыстой Сæйраг закъоны ахсджиагдзинад паддзахады æмæ йе ‘мбæстæгты царды.
Цхинвал, 2024 азы хуымгæнæны мæйы 8-æм бон