Æртхъирæны мæйы 27-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Джусойты Нафийы номыл мысæн изæры, кæцы ацыд Культурæйы уæрæсейаг фонды Мæскуыйы.
Зынгæ ирон фыссæг, драматург, публицист, тæлмацгæнæг æмæ Ирыстоны адæмон фыссæгы райгуырдæй 100 азы рацыды цытæн мадзал сарæзтой УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æнаивгæ минæварад Уæрæсейы уæвæг Хуссар Ирыстоны Минæварадимæ иумæ æмæ Мæскуыйы ирон общинæ.