Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ Æмсæрдæртты кусæгон фембæлды фæдыл

Рабочая встреча с Сопредседателями Международных дискуссий по безопасности и стабильности в Закавказье от ЕС, ОБСЕ и ООН

Æртхъирæны мæйы 17-æм бон Цхинвалы ацыд Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты кусæгон фембæлд ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йы Æмсæрдæрттимæ.

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд Дискусситы радон 66-æм раунды актуалон фарстатыл, кæцы нысангонд æрцыд ацы азы тæргæйтты мæйы 18-19 бонтæм.

Сæйраг хъусдард аздæхтæуыд æдасдзинады фарстатæ æмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документы бафысты æнæмæнгдзинадмæ. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ радон хатт банысан кодтой, Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы сæйраг хæс кæй у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинад бахъахъхъæнын Гуырдзыстоны 'рдыгæй хæстон агрессийæ. 

Хайадисджытæ æвæрццаг аргъ скодтой Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы фæлгæтты, афтæмæй ма уыцы форматы архайгæ «тæвд хахх»-ы куыстæн. Арæнгæрон районты стабилондзинадмæ нæкæсгæйæ, хуссарирыстойнаг фарс ногæй хъус æрдардта Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны 'хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумæйаг архайд райдайыны æнæмæнгдзинадмæ. 

Бæстонæй æрдзырдæуыд гуманитарон фарстатыл дæр, цыран сæйраг хъусдард аздæхтæуыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæтмæ. 

Ацæугæ фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой ацы форматы куыст дарддæр кæныны ахъаздзинад, кæцы у регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинады ахсджиаг иуæг.

2026 азы æртхъирæны мæйы 17-æм бон

17.02.2026