Майрæмты мæйы 24-æм бон ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлд Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Сæйраг æддагполитикон управленийы сæрдар Дмитрий Паламарчукимæ, кæцы делегацийы сæргъ æрцыд Цхинвалмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды фæдыл мадзæлттæм.
Сообщения МИД РЮО
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Æхсæнадæмон хъуыддæгты комитеты Сæрдар Григорий Карасинмæ йæ Райгуырæн боны цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Дæ ном ис ныры Уæрæсейы зынгæ паддзахадон архайджыты нымæцы. Бирæ азты дæргъы Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн иттæг хорз куыст, бæрзонд профессионалондзинад, бирæвæрсыг хæстæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы дæ куырыхондзинды фæрцы дын ис ном æппæтадæмон æмæхсæнады.
Майрæмты мæйы 17-21 бонты Казаны ацыд Æвзонг дипломатты VI глобалон форум «Ног бирæполярон дунейы дипломати». Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды уыдысты РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты Хайады сæргълæууæг Санахъоты Алексей, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы консультант Бабуцидзе Джульетта æмæ РХИ-йы Минæварады фыццаг секретарь УФ-йы Мæргъиты Сослан.
Майрæмты мæйы 18-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Бенилюксы бæстæты Пухаты Радионы.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Европæйы ирон диаспорæтимæ Минæварады куысты кæцыдæр фарстытыл.
Пухаты Радион радзырдта Президентæн саразгæ куысты, афтæмæй ма БРИКС-ы бæстæты Ирон культурæйы бонтæ ауадзыны тыххæй.
Майрæмты мæйы 8-æм бон Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон агрессийæ 15 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ ацыдысты Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсарæйнаг уагдæтты, афтæмæй ма уæды трагикон цаутæ мысыдысты хæларадон паддзахадты дæр.
Майрæмты мæйы 7-8 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны ацыдысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийæ 15 азы рацыды охыл мысæн мадзæлттæ.
Майрæмты мæйы 7-æм бон Национ музейы ацыд нывты равдыст «08.08.08 – 08.08.23», афтæмæй ма Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры 1920 азы ирæтты геноциды тыххæй спектакль «Фæстаг æвдисæн». Уый фæстæ мемориалон комплекс «Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн»-ы раз ацыд мысæн церемони, кæцыйы рæстæджы адæм æвæрдой дидинтæ мемориалмæ, ссыгътой цырæгътæ, фæмардуæвджыты рухс ном ссардтой минут æдзæмæй алæугæйæ.
15 азы размæ Хуссар Ирыстоны ‘рцыдысты трагикон цаутæ, кæцытæ дыууæ дихы фæкодтой бæстæйы æмæ адæмы цард.
Сусæны мæйы 31-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Бенилюксы бæстæты Пухаты Радионы.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Минæвары куысты фæдыл Европæйы ирон диаспорæтимæ, уæлдай хъусдард аздæхтæуыд алыхуызон культурон-рухстауæн проектты дарддæры реализацимæ.
Цхинвал, 2023 азы сусæны мæйы 31-æм бон
Сусæны мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Мæскуыйы Æхсæнадæмон ахастыты паддзахадон институты (университеты) испайнаг æвзаджы кафедрæйы раздæры ахуыргæнæг, юрист Маргарита Исааковаимæ, кæцы æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй базонгæ уа бæстæимæ.
Маргарита Исаакова радзырдта, афæдзы дæргъы кæй æрцæуы Ирыстонмæ æвзаг ахуыр кæныны фæдыл, æмæ ирон æвзаг сахуыр кæнынмæ та сцырен Цæгат Ирыстонмæ фыццаг балцы, афтæмæй ма Нарты кадджытæ æмæ Хетæгкаты Къостайы уацмыстæ куы бакаст, уый фæстæ.
Сусæны мæйы 19-æм бон Никарагуамæ балцы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим хайад райста Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 44 азы рацыды фæдыл цытджын мадзæлтты.
Сæйраг мадзал ацыд фæзуат «Parque de la Dignidad Nacional»-ы Манагуайы.
Цытджын митингы хайад райстой æхсæнадæмон уазджытæ, Никарагуайы аккредитаци чи рацыд, дипломатон корпусы уыцы минæвæрттæ, Никарагуайы хицауады уæнгтæ æмæ æхсæнад.
Сусæны мæйы 19-æм бон Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан схорзæхджын кодта паддзахадон хæрзиуджытæй Республикæйы алыхуызон къабæзты кусджыты.
Уæлдæр хорзæхтæ лæвæрд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады къорд кусджытæн, кæцытæ бирæ рæстæг фæкуыстой Министрады системæйы.
Президент сын раарфæ кодта бирæ азты рæстудæй кæй фæкуыстой, уый фæдыл æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы æндидзыны æмæ размæдзыды хъуыддагмæ стыр хайбавæрды тыххæй.
Цхинвал, 2023 азы сусæны мæйы 19-æм бон
Сусæны мæйы 17-æм бон Манагуамæ балцы фæлгæтты Сандинистон революцийы фæуæлахизы фæдыл бæрæгбонон мадзæлттæм ацыд Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Никарагуайы Козаты Наримы фембæлд Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Арлетт Маренкоимæ.
Фембæлды рæстæджы Козаты Нарим раарфæ кодта Никарагуайы адæмæн Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 44 азы рацыды цытæн æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй загъта зæрдæбын арфæтæ.
Дыууæ Фарс дæр æрдзырдтой дывæрсон æмгуыстады ныры уавæр æмæ йæ дарддæры райрæзтыл.
Цхинвал, 2023 азы сусæны мæйы 18-æм бон